Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 49:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Йаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ фыдӕлты размӕ, цӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хеттаг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

29 Йаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ фыдӕлты размӕ, цӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хеттаг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 49:29
16 Iomraidhean Croise  

Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ.


Авраам сразы ис Ефронимӕ. Хеттӕгты раз цас загъта, уый бӕрц ын сбарста ӕвзист — цыппарсӕдӕ шекелы, сӕудӕджертӕ куыд фӕбарынц, афтӕ.


Афтӕмӕй, Ефронӕн Мамрейы ныхмӕ Махпелайы цы быдыр уыди, уый бацис Авраамы ӕд лӕгӕт, ӕд бӕлӕстӕ. Уымӕн ӕвдисӕн уыдысты, сахары кулдуармӕ чи ӕрӕмбырд ис, уыцы хеттӕгтӕ иууылдӕр.


Хеттӕгтӕй Аврааммӕ ӕрбахаудис зӕххы хай дӕр, цы лӕгӕт дзы уыди, уый дӕр, ӕмӕ йӕ зиан уыцы ран бафснайдта.


цӕмӕй мын ратта, йӕ быдыры кӕрон цы лӕгӕт ис, Махпела, зӕгъгӕ, уый. Уӕ разы мын ӕй йе ’ххӕст аргъыл раттӕд зиан бавӕрыны тыххӕй».


Йаков ӕрцыди йӕ фыд Исаакмӕ Мамремӕ. Уый ис Кирйат-Арбамӕ (ома Хевронмӕ) хӕстӕг. Авраам ӕмӕ Исаак кӕддӕр уым ӕрцардысты.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.


фӕлӕ, мӕ фыдӕлтыл куы бафтон, уӕд-иу мӕ ардыгӕй алас ӕмӕ-иу мӕ бавӕр мӕ фыдӕлты зӕппадзы». Йосеф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».


Гъе уыдон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрмагондӕй.


Йаков Йӕ фырттӕн уыцы фӕдзӕхстытӕ куы загъта, уӕд йӕ хуыссӕнуаты йӕхи ауагъта ӕмӕ уыйадыл йӕ уд систа, йӕ фыдӕлтӕм ацыд.


Йаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст,


ахастой йӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры цы лӕгӕт уыди, уым. Уыцы быдыр кӕддӕр Авраам хеттаг Ефронӕй зиан бавӕрыны тыххӕй балхӕдта.


Фӕстӕмӕ аздӕхыны бар ратт дӕ цагъарӕн, ӕмӕ мӕхи сахары, мӕ фыд ӕмӕ мӕ мады зӕппадзы цур амӕлон. Фӕлӕ кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ бардарӕгимӕ, паддзахимӕ, араст уӕд мӕнӕ дӕ цагъар, мӕ фырт Кимхам, ӕмӕ дӕ бар уӕд».


уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan