Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 49:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбамбырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Йаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбамбырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 49:1
28 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ сын Уый сӕххӕст кодта сӕ курдиат, фӕлӕ сыл рын бафтыдта.


Дунедарӕджы Кувӕндон цы хохыл ис, уый фӕстагмӕ суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуылдымты сӕрты акӕсдзӕн; адӕмтӕ йӕм сараздзысты се ’ргом.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта: «Ацы тӕригъӕд уын хатыргонд нӕ уыдзӕн уӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр». Афтӕ загъта Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ралӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ дӕ галуаны цыдӕриддӕр ис, дӕ фыдӕлтӕ ныронг цыдӕриддӕр исбон самал кодтой, уый Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзӕн, иу мисхалы бӕрц дӕр дын дзы нал ныууадздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уе ’ппӕт дӕр ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут! Мӕн йеддӕмӕ рагацау чи фехъусын кодта, ныр цы ӕрцӕудзӕн, уый? Ӕз ацы лӕджы бауарзтон ӕмӕ Мын уый сӕххӕст кӕндзӕни Мӕ фӕндон — Вавилонӕн цы тӕрхон рахастон, уый. Халдейӕгтӕн фенын кӕндзӕни Мӕ хъомыс.


Махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?


Дунедарӕгӕн Йӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ, Йӕ зӕрды цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны ӕххӕстӕй бамбардзыстут.


Персы паддзах Кир ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилӕн раргом ис уац фидӕны стыр хӕсты тыххӕй. Даниил уыцы ӕргомад бамбӕрста цӕстылуайӕны.


Ныр ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, рӕстӕджы кӕрон дӕ адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ базонын кӕнон, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн фидӕнимӕ баст у».


Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».


Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.


Фӕстаг заман куы ралӕууа, уӕд, Дунедарӕджы Хӕдзар цы хохыл лӕууы, уый суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуыбыртӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн, адӕмтӕ йӕм агуылф кӕндзысты.


Ныр та мӕ бӕстӕм здӕхын. Хӕстӕгдӕр ӕрбацу, ӕмӕ дын зӕгъон, ацы адӕм сомбон дӕ адӕмӕн цы бакӕндзысты, уый».


Сыгъдӕг Уд ын раргом кодта, Хуыцау Кӕй рарвита, цалынмӕ уыцы Чырыстийы фенай, уӕдмӕ нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ.


„Ӕмӕ рӕстӕджыты кӕрон, — зӕгъы Хуыцау, — Ӕз ӕппӕт адӕмы схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ; уӕ лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ; уӕ хистӕртӕ та — Мӕ лӕвӕрд фынтӕ.


Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сабиты, уӕ сахарты цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй тӕрсой Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной.


Искуы уыл фидӕны уынгӕг рӕстӕг куы скӕна ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ куы бавзарат, уӕд раздӕхдзыстут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ Йын фехъусдзыстут Йӕ хъӕлӕс.


Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой монтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.


Зон уӕдӕ: рӕстӕджыты кӕрон ралӕудзӕн уӕззау заман.


Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста.


Ӕфсымӕртау иудадзыг уарзут кӕрӕдзи.


Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan