Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 48:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 48:7
13 Iomraidhean Croise  

Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.


Афтӕ Йаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта.


Йаков ын йӕ ингӕны сӕрмӕ зӕрдылдарынӕн дур сӕвӕрдта, ӕмӕ ма уыцы дур абон дӕр лӕууы Рахелы ингӕныл.


Йаков Паддан-Арамӕй куы ӕрбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм Хуыцау ногӕй ӕргом рацыд ӕмӕ йын раарфӕ кодта.


Сӕ фӕстӕ ма дын чи рантыса, уыдон та нымад уыдзысты дӕхи цотыл, ӕмӕ сӕ бынтӕ уыдзысты сӕ хистӕр ӕфсымӕрты зӕххы хайыл.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


«Рамайӕ хъуысы ӕрдиаг, кӕуын ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг, — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы ӕмӕ йын басабыры амал нӕй, уымӕн ӕмӕ йын нал сты».


Уыцы лӕг хуынди Елимелех, йӕ усы ном — Наоми, йӕ фырттӕ та хуындысты Махлон ӕмӕ Килеон; уыдысты иудейаг Вифлеемӕй, ефрафӕгтӕ. Ӕрбацыдысты Моавы быдырмӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцадысты.


Ефремы хӕхбӕсты, Раматаим-Цофимы сахары, царди иу лӕг, ефремон, йӕ ном — Елкана. Йӕ фыд Йерохам уыди Елигуйы фырт, Елигуйы фыд Тоху — Цуфы фырт.


Ныр, ардыгӕй куы ацӕуай, уӕд Бениамины зӕххыл, Целцахы, Рахелы зӕппадзы цур, амбӕлдзынӕ дыууӕ лӕгыл. Уыдон дын зӕгъдзысты: „Цы сыл хӕрджытӕ агурӕг рацыдтӕ, уыдон разындысты, ӕмӕ дӕ фыды йӕ хӕрджыты мӕт нал ис, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ сымахмӕ ӕхсайы, ныр кӕм агурон мӕ фырты, зӕгъгӕ.“


Самуел бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ, уӕд тарстхуызӕй йӕ размӕ рацыдысты сахары хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хорз хабаримӕ сӕмбӕлдтӕ?»


Давид уыд ефрафаг, иудейаг Вифлеемы цӕрӕг Йессейы фырт. Йессейӕн аст фырты уыди. Саулы заман бацыд йӕ зӕронды кары.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan