Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 48:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Дӕуӕн та, де ’фсымӕртӕй уӕлдӕр кӕй уыдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕттын, аморӕгтӕй мӕ кард ӕмӕ фатӕй кӕй байстон, уыцы хохы фахс, Шехем».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

22 Дӕуӕн та, де ’фсымӕртӕй уӕлдӕр кӕй уыдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕттын, аморӕгтӕй мӕ кард ӕмӕ фатӕй кӕй байстон, уыцы хохы фахс, Шехем».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 48:22
12 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».


Йӕ цатыр кӕм айтыгъта, уыцы зӕххы хай балхӕдта Шехемы фыд Хаморы фырттӕй — уый сӕрмӕ сын радта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы.


Ратӕлӕт сын кодтой сӕ лыстӕг фос, се стурвос ӕмӕ сӕ хӕрджытӕ, ахастой, сахары ӕмӕ быдыры цыдӕриддӕр фӕллой уыди, уый.


ноджы ма йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ,


Иудӕ йе ’фсымӕртӕй тыхджындӕр уыд, ӕмӕ фӕтӕг уымӕй равзӕрди, кӕд хистӕры кад Йосефӕн лӕвӕрд уыд, уӕддӕр.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ацы арӕнтыл байуарут зӕхх Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Йосефы хӕдзарвӕндагӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕд дыууӕ хайы.


Ӕз та сӕ сӕраппонд аморӕгты ныццагътон; нӕзытӕй бӕрзонддӕр, тулдз бӕлӕстӕй фидардӕр уыдысты, фӕлӕ сын Ӕз уӕле скуынӕг кодтон сӕ дыргътӕ, бынӕй — сӕ уидӕгтӕ.


Ӕмӕ, Йаков йӕ фырт Йосефӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг, Сихар, зӕгъгӕ, уыцы самариаг сахармӕ бацыди.


Кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу у цоты хистӕр, ӕмӕ бынтӕй дыууӕ хайы раттын уымӕн ӕмбӕлы. Хистӕры хай уымӕ хауы.


Израилӕгтӕ Йосефы стджытӕ дӕр, Мысырӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, баныгӕдтой Шехемы, Йаков Шехемы фыд Хаморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ Йосефы байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбон чи сси, уыцы зӕххы хайы.


Афтӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыцы зӕххытӕ аморӕгтӕй байста ӕмӕ сӕ радта йӕ адӕмӕн, Израилӕн. Ӕмӕ нын сӕ ныр ды та байсынмӕ хъавыс?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan