Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 48:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕнымӕц».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

19 Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕнымӕц».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 48:19
17 Iomraidhean Croise  

«Демӕ аразын фидыд. Ды уыдзынӕ бирӕ адӕмты фыдӕл.


Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ гуыбынӕй, дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ мидӕг — сӕ фӕндӕгтӕ фӕхицӕн уыдзысты. Сӕ иу суыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».


Исаакы зӕрдӕ агуырдта сырды фыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уарзта Исавы. Ревеккӕ та уарзта Йаковы.


Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.


Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Фӕлӕ Израил, йӕ къухтӕ дзуарӕвӕрд скӕнгӕйӕ, йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефремы — кӕстӕры — сӕрыл, йӕ галиу къух та Менассиайы сӕрыл, кӕд уый хистӕр уыди, уӕддӕр.


Йосеф ын загъта: «Афтӕ нӕ, мӕ фыд. Мӕнӕ уый у хистӕр зӕнӕг. Уый сӕрыл ӕрӕвӕр дӕ рахиз къух».


Ӕцӕг, Дунедарӕг дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр ныххуырсдзӕн, ефремонтӕ иудейӕгтимӕ куы байуӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыд заман. Ассирийы паддзахы амӕттаг фӕуыдзыстут.


Персайнӕгтӕ, лудӕгтӕ ӕмӕ путӕгтӕ уыдысты де ’фсады хӕстонтӕ, дӕ систыл-иу дын уартытӕ ӕмӕ такатӕ ӕрцауыгътой — афтӕ-иу систой уӕлиау дӕ кад.


Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, сымах арвы стъалытау ӕнӕнымӕц скодта.


Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.


Асиры хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;


Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Йосефы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Бениамины хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan