Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 48:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Йосеф сабиты Израилы хъӕбысӕй рахизын кодта ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Йосеф сабиты Израилы хъӕбысӕй рахизын кодта ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 48:12
15 Iomraidhean Croise  

Авраам хӕрдмӕ скасти ӕмӕ федта: йӕ акомкоммӕ лӕууынц ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, зӕххыл ныддӕлгом ис


Дыууӕ зӕды уыцы изӕр Содоммӕ бацыдысты. Лот бадти Содомы кулдуары цур. Куы сӕ ауыдта, уӕд фестади, сӕ размӕ рауад, ныддӕлгом ис зӕххыл


Авраам сыстади, сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн, хеттӕгтӕн,


Йӕхӕдӕг цыди разӕй ӕмӕ, цалынмӕ йе ’фсымӕрмӕ бахӕццӕ ис, уӕдмӕ йын авд хатты зӕххы онг ӕркуывта.


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Йосефӕн загъта: «Дӕхи дын фендзынӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн, афтӕмӕй ма мын Хуыцау дӕ байзӕддӕгты дӕр фенын кодта».


Уый фӕстӕ Йосеф Ефремы ӕрлӕууын кодта йӕ рахизфарс — Израилӕн йӕ галиу къухы акомкоммӕ, Менассиайы та йӕ галиуфарс — Израилӕн йӕ рахиз къухы акомкоммӕ, ӕмӕ та йӕм сӕ бакодта.


Ӕмӕ Вирсави Адониайы тыххӕй паддзах Соломонмӕ бацыд. Паддзах ын фестад, ныллӕг ын акуывта йӕ сӕрӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бадӕны сбадти. Уӕд паддзахы мадӕн дӕр ӕрӕвӕрдтой бадӕн. Уый Соломоны рахизфарс сбадти ӕмӕ загъта:


Шунемаг сылгоймаг ын йӕ къӕхтӕм ӕрхауд, зӕххы онг ын акуывта, стӕй лӕппуйы йӕ хъӕбысмӕ систа ӕмӕ уатӕй ӕддӕмӕ рахызт.


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.


Уыцы ныхӕстӕм Моисей зӕххыл ныддӕлгом ис Хуыцауы раз


Йӕ цот сыстынц ӕмӕ йӕ сыстауынц, йӕ сӕрыхицау дзы ’ппӕлынӕй не ’фсӕды:


Алчидӕр уӕ нымайӕд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды, ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Урссӕрӕн-иу сыст ӕмӕ хистӕрӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз — Дунедарӕг.


Сывӕллӕттӕ, кӕсут уӕ ныййарджыты коммӕ, Дунедарӕг куыд домы, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan