Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 47:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм уымӕн ӕрцыдыстӕм цӕрынмӕ, ӕмӕ нӕ фосӕн хизӕнуат нал ис — Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман. Бар ратт дӕ цагъартӕн, цӕмӕй Гошены зӕххыл ӕрцӕрой».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм уымӕн ӕрцыдыстӕм цӕрынмӕ, ӕмӕ нӕ фосӕн хизӕнуат нал ис — Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман. Бар ратт дӕ цагъартӕн, цӕмӕй Гошены зӕххыл ӕрцӕрой».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 47:4
11 Iomraidhean Croise  

Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста.


Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.


Стонг заман ноджы фӕкарздӕр ис Ханааны зӕххыл.


Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.


уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».


Фараон Йосефӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕм ӕрцыдысты;


Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Фесафдзынӕн сӕ!» Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕймаг Моисей къӕдзӕхы скъуыды ’рлӕууыди Йӕ размӕ, цӕмӕй Йын аздаха Йӕ маст, цӕмӕй сӕ Уый ма бабын кӕна.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Кӕддӕр Мӕ адӕм ацыдысты Мысырмӕ, цардысты дзы ӕрцӕуӕггӕгты цардӕй. Фӕстӕдӕр сын ассириӕгтӕ дӕр сӕ уд сӕ хъуырмӕ скодтой, ӕфхӕрдтой сӕ.


Уый фӕстӕ ӕппӕт Мысыры ӕмӕ Ханааны зӕххыл скодта стонг рӕстӕг, адӕм хъизӕмарӕй мардысты, хойраг нал уыди нӕ фыдӕлтӕм.


Хуыцау ын загъта: „Дӕ байзӕддӕгтӕ цыппарсӕдӕ азы кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ цагъартӕ уыдзысты ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафдзысты.


Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan