Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 47:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Йосеф ын сомы ракодта, ӕмӕ Израил йӕ хуыссӕнуаты скуывта Хуыцаумӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

31 Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Йосеф ын сомы ракодта, ӕмӕ Израил йӕ хуыссӕнуаты скуывта Хуыцаумӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 47:31
12 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ мын ацы ран Хуыцауӕй ард бахӕр, хинӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр ме ’ппӕт байзӕддагыл. Ӕз дӕуӕн хӕрзты куыд бацыдтӕн, афтӕ-иу ды дӕр хӕрзты бацу мӕнӕн ӕмӕ, ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйӕн».


Авраам ард бахордта,


Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йӕ исбон кӕй бӕрны уыд, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал


Авраамы цагъар Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис


ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,


Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Йаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй.


Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,


Йосеф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».


„Мӕ фыд мын ард бахӕрын кодта — афтӕ мын бафӕдзӕхста, куы амӕлон, уӕд-иу мӕ, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы зӕппадз скодтон, уым бавӕр, зӕгъгӕ. Гъемӕ мын бар ратт, цӕмӕй ацӕуон ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхдзынӕн“».


Паддзах Давидмӕ та йӕ дӕлдӕртӕ бацыдысты ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнынц: „Хуыцау дын дӕ номӕй ноджы кадджындӕр скӕнӕд Соломоны ном, дӕ паддзахы бадӕнӕй йын ноджы цытджындӕр скӕнӕд йӕ бадӕн!“ Ӕмӕ Давид рабадти йӕ сынтӕджы, акуывта йӕ сӕрӕй


Йӕ уырнындзинады фӕрцы Йаков йӕ мӕлӕты размӕ арфӕ ракодта Йосефы фырттӕй алкӕмӕн дӕр, ӕрӕнцой кодта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ скуывта Хуыцаумӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan