Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 47:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 фӕлӕ, мӕ фыдӕлтыл куы бафтон, уӕд-иу мӕ ардыгӕй алас ӕмӕ-иу мӕ бавӕр мӕ фыдӕлты зӕппадзы». Йосеф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

30 фӕлӕ, мӕ фыдӕлтыл куы бафтон, уӕд-иу мӕ ардыгӕй алас ӕмӕ-иу мӕ бавӕр мӕ фыдӕлты зӕппадзы». Йосеф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 47:30
16 Iomraidhean Croise  

Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ.


Афтӕмӕй, Ефронӕн Мамрейы ныхмӕ Махпелайы цы быдыр уыди, уый бацис Авраамы ӕд лӕгӕт, ӕд бӕлӕстӕ. Уымӕн ӕвдисӕн уыдысты, сахары кулдуармӕ чи ӕрӕмбырд ис, уыцы хеттӕгтӕ иууылдӕр.


Ӕмӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы бавӕрдта, Махпелайы быдыры, Мамрейы ныхмӕ (ныр Хеврон чи хуыйны, уый), цы лӕгӕт ис, уым, Ханааны зӕххыл.


Йӕ фырттӕ Исаак ӕмӕ Измаел ӕй бавӕрдтой Мамрейы ныхмӕ быдыры, Махпелайы лӕгӕты. Уыцы быдыр Авраам балхӕдта хеттӕгтӕй — Цохары фырт Ефронӕй. Уым ӕвӕрд сты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.


Йосеф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».


Фӕстӕмӕ аздӕхыны бар ратт дӕ цагъарӕн, ӕмӕ мӕхи сахары, мӕ фыд ӕмӕ мӕ мады зӕппадзы цур амӕлон. Фӕлӕ кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ бардарӕгимӕ, паддзахимӕ, араст уӕд мӕнӕ дӕ цагъар, мӕ фырт Кимхам, ӕмӕ дӕ бар уӕд».


Асаелы мард систой ӕмӕ йӕ Вифлеемы йӕ фыды зӕппадзы бавӕрдтой. Йоав йӕ адӕмимӕ ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыди, ӕмӕ сыл Хевроны ӕрбабон ис.


фӕстӕмӕ кӕй раздӕхтӕ ӕмӕ дын Дунедарӕг цы бынатӕй загъта, мадӕр дзы хӕргӕ бакӕн, мадӕр нуазгӕ, зӕгъгӕ, уым хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй бакодтай, уый тыххӕй дӕ мард дӕ фыдӕлты зӕппадзы ӕвӕрд не ’рцӕудзӕн!»


Загътон паддзахӕн: «Ӕнустӕм нын цӕра паддзах, куыннӕ уон ӕнкъард, кӕд ӕмӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахар гӕныстонӕй лӕууы, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты!»


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan