Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 47:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

29 Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 47:29
28 Iomraidhean Croise  

Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йӕ исбон кӕй бӕрны уыд, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал


Гъемӕ кӕд ме ’лдармӕ хионы цӕстӕй кӕсут ӕмӕ ацы хъуыддагыл разы стут, уӕд мын ӕй зӕгъут. Кӕд нӕ, уӕд дӕр мын ӕй зӕгъут, ӕмӕ уӕд зондзынӕн, цы гӕнгӕ мын у, уый».


Исаак ын загъта: «Ӕз базӕронд дӕн ӕмӕ нӕ зонын, мӕ адзалы бон кӕд ралӕудзӕни, уый.


Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».


Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».


Уый фӕстӕ Израил Йосефӕн загъта: «Ӕз ныр мӕлгӕ кӕнын, фӕлӕ Хуыцау ауддзӕни сымахыл ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ уӕ фыдӕлты зӕхмӕ раздахдзӕн.


Йаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст,


„Мӕ фыд мын ард бахӕрын кодта — афтӕ мын бафӕдзӕхста, куы амӕлон, уӕд-иу мӕ, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы зӕппадз скодтон, уым бавӕр, зӕгъгӕ. Гъемӕ мын бар ратт, цӕмӕй ацӕуон ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхдзынӕн“».


Мӕлӕтӕй нын алидзӕн нӕй. Зӕхмӕ цы дон ӕркӕлы, уымӕн фӕстӕмӕ сисӕн нал ис. Хуыцауы искӕй уд фесафын нӕ фӕнды, хъодыгондыл дӕр Йӕхи куыннӕ атигъ кӕна, ууыл мӕт кӕны.


Асаелы мард систой ӕмӕ йӕ Вифлеемы йӕ фыды зӕппадзы бавӕрдтой. Йоав йӕ адӕмимӕ ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыди, ӕмӕ сыл Хевроны ӕрбабон ис.


Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.


Давид мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн бафӕдзӕхста:


Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни? Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ.


Зонын ӕй, маргӕ мӕ кӕныс, удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕдӕм бацӕуынц, уырдӕм у мӕ фӕндаг.


Адӕймагӕн нывгонд у цагъары уӕззау куыст цӕрӕнбонты.


«Байхъусут, Мӕ адӕм, Ӕз уын Мӕ ныхас фехъусын кӕнон! Израил, Ӕз дӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕудзынӕн — Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ Хуыцау.


Нӕ бакомдзынӕн нӕдӕр род дӕ хӕдзарӕй, нӕдӕр сӕгътӕ дӕ фосдарӕнтӕй —


Раздах мӕм Де ’ргом, Дунедарӕг, бахиз мӕ мӕлӕтӕй! Дӕ хорзӕх мӕ кӕй ис, уый фӕрцы мӕ фервӕзын кӕн!


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Йӕ уырнындзинады фӕрцы Йосеф, куы марди, уӕд дзырдта израилӕгты Мысырӕй рацыды тыххӕй ӕмӕ сын фӕдзӕхста, цӕмӕй йын йе стджытӕ уым ма ныууадзой.


Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,


Сгарджытӕ йын загътой: «Хуыцауы фыдӕх нӕ баййафӕд, искӕй сӕрӕй уӕ ӕрду дӕр куы ӕрхауа, уӕд. Ӕрмӕст ам кӕй стӕм, уый ма схъӕр кӕнут. Дунедарӕг нын ацы зӕхх куы ратта, уӕд нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм, хорзы дын бацӕудзыстӕм».


Алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ фӕстаг балц кӕдӕм вӕййы, уырдӕм мын рӕхджы цӕугӕ у. Ӕмӕ уын фӕдзӕхсын, мисхалы бӕрц дӕр ма гуырысхо кӕнут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах тыххӕй цы хӕлар ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иунӕг дӕр дзӕгъӕлы нӕ уыд. Иууылдӕр сӕххӕст сты, иунӕг дзырд дӕр дзы ӕнӕ сӕххӕст нӕ баззади.


Йӕ ныхасыл-ма бафтыдта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй — Йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн Дунедарӕг Саулы: искӕд бон йӕхи мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, науӕд та хӕстмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ уым фӕмард уыдзӕни. Мӕн та Дунедарӕг Йӕ байсӕрстмӕ мӕ къух сисынӕй бахизӕд!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan