Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 47:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Израилӕгтӕ ӕрцардысты Мысыры, Гошены зӕххыл, цот рауагътой ӕмӕ сбирӕ сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Израилӕгтӕ ӕрцардысты Мысыры, Гошены зӕххыл, цот рауагътой ӕмӕ сбирӕ сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 47:27
19 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.


Дӕ байзӕддӕгты дын тынг сбирӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысдзӕни адӕмтӕ, дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр.


Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр —


Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.


Цӕрут не ’хсӕн. Бӕстӕ мӕнӕ уӕ разы, — ӕрцӕрут дзы, сӕрибарӕй йын йӕ зӕххыл цӕут ӕмӕ уын дзы хай уӕд».


Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.


Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Йосеф, фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры хуыздӕр зӕххыл, Рамсесы. Уым сын радта зӕххы хӕйттӕ.


ӕмӕ рауагъта сынты. Уый ӕддӕмӕ-мидӕмӕ кодта, цалынмӕ зӕхх ӕрсур ис, уӕдмӕ.


фӕлӕ бӕлон фӕстӕмӕ ӕрбатахти, уымӕн ӕмӕ не ссардта, кӕм ӕрбада, уый. Зӕххы уӕлцъар нырма иууылдӕр доны бын уыди. Ной йӕ къух радардта ӕмӕ бӕлоны ӕрбайста йӕхимӕ, наумӕ.


Сӕ хъӕстӕ дӕр сын арвы стъалытау сбирӕ кодтай ӕмӕ, бацӕут ӕм ӕмӕ сымах бауыдзӕни, зӕгъгӕ, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, уыцы зӕхх сын радтай.


Адӕм сӕ къух ауыгътой бӕллиццаг зӕххыл, нӕ баууӕндыдысты Хуыцауы ныхасыл.


Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас тынгдӕр рӕзти сӕ нымӕц. Мысырӕгтӕ тасы бацыдысты


Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ хъӕстӕ даргъ-уӕрӕх ацыд — сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты, Мысыры зӕххӕн уӕз кӕнын райдыдтой.


Ӕз сӕм фӕсиддзынӕн ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ ахӕстаргъ бафыстон ӕмӕ раздӕрау сбирӕ уыдзысты.


Хуыцау Авраамӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, цы зӕрдӕвӕрд радта, уымӕн йӕ сӕххӕст кӕныны афон куыд ӕввахсдӕр кодта, афтӕ Мысыры фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтыд нӕ адӕмы нымӕцыл.


Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз уыдысты дӕ фыдӕлтӕ, Мысырмӕ куы фӕхаудтой, уӕд, ныр та дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕ мыггаг арвы стъалытау сбирӕ кодта.


Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan