Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 47:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Афтӕмӕй Мысыр ӕмӕ Ханааны ӕвзист нал баззади. Мысыры адӕм иууылдӕр ӕрбацыдысты Йосефмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ӕри нын хойраг! Ӕви дӕ разы мӕлгӕ хъуамӕ акӕнӕм? Ӕвзист нӕм нал баззад!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Афтӕмӕй Мысыр ӕмӕ Ханааны ӕвзист нал баззади. Мысыры адӕм иууылдӕр ӕрбацыдысты Йосефмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ӕри нын хойраг! Ӕви дӕ разы мӕлгӕ хъуамӕ акӕнӕм? Ӕвзист нӕм нал баззад!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 47:15
11 Iomraidhean Croise  

Уыцы хорӕй авд стонг азы дӕргъы ирвӕздзысты Мысыры адӕм, сыдӕй нӕ амӕлдзысты».


Йосеф сын афтӕ: «Кӕд уӕм ӕвзист нал ис, уӕд уын уӕ фосы сӕрмӕ ратдзынӕн хойраг».


Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн».


Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.


Ахӕм уаг кӕмӕдӕриддӕр уа, уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ уыдзысты бӕрзонд, ӕдас ран — хӕхты фидӕртты. Къӕбӕр ӕмӕ сӕ доны мӕт никуы уыдзӕн.


Ратт нын абон цӕрынваг къӕбӕр.


Гедеон Суккоты цӕрджытӕн загъта: «Мӕ адӕмӕн мын иу чысыл хӕринаг авӕрут, бафӕлладысты. Мидианӕгты паддзӕхтӕ Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы фӕдыл рагӕй зилӕм».


Суккоты сахарӕй Гедеон ацыди Пенуелмӕ ӕмӕ та уым дӕр йӕ хӕстонтӕн хӕринаг куырдта. Пенуелы цӕрджытӕ дӕр ын суккотӕгты дзуапп радтой.


Ныр, дӕ къух цы амоны, уый мын ратт: иу-фондз дзулы, кӕнӕ ма дӕм цы ис, уый».


Де ’ххуырстыты бафӕрс, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзысты. Гъемӕ мын ды дӕр мӕ лӕппутӕм хорз цӕстӕй ракӕс, уымӕн ӕмӕ дӕм фарны бон ӕрбацыдыстӕм. Ратт, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъартӕ ӕмӕ дӕ фырт Давидӕн, дӕ къух цы амоны, уый“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan