Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 47:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Йосеф йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн, кӕмӕн цал сабийы уыди, уымӕ гӕсгӕ, хойраг лӕвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Йосеф йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн, кӕмӕн цал сабийы уыди, уымӕ гӕсгӕ, хойраг лӕвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 47:12
16 Iomraidhean Croise  

Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.


Уым дӕ тыхсын ницӕмӕй бауадздзынӕн. Стонг заман ма ахӕсдзӕни фондз азы, фӕлӕ нӕдӕр дӕхӕдӕг баййафдзынӕ исты хъуаг, нӕдӕр дӕ хӕдзаронтӕ, нӕдӕр дӕ фос“.


Фӕлӕ мӕ Хуыцау уӕ цурӕй арвыста, цӕмӕй уын уӕ мыггаг ныууадза зӕххыл, цӕмӕй диссаджы ирвӕзт акӕнат.


Йосеф фараонмӕ бацыдис ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй — ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. Ӕрӕнцадысты Гошены зӕххыл».


Мысыры адӕмы та — бӕстӕйӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — Йосеф скодта фараоны цагъартӕ.


Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн».


Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сабиты дӕр дардзынӕн». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Йосеф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.


Фидар зӕгӕлау уромдзӕни ӕмӕ нӕ фӕцудын кӕндзӕн йӕ фыды хӕдзары кад, цудын нӕ бауадздзӕн йӕ байзӕддаджы кад дӕр — цотӕй, цоты цотӕй. Йӕ бар уыдзысты суанг йӕ хӕдзары мигӕнӕтӕ дӕр, чысыл къусӕй дурыны онг».


Мах Чырыстийы апостолтӕ стӕм, ӕмӕ нӕ бон уыди нӕхи бӕрзонд сӕвӕрын, фӕлӕ уемӕ уыдыстӕм фӕлмӕн, узӕлыдыстӕм уыл, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбултыл куыд узӕла, уыйау.


Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.


Фӕлӕ кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл — уый Хуыцауӕн фӕндон у.


Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у.


Зӕрдӕрухсы хос дын уыдзӕн, дӕ зӕронды бонты та ӕнӕ дарӕгӕй нӕ баззайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕ чындз, чи дӕ уарзы, уыцы чындз ныййардта — авд фыртӕй дӕр дын хуыздӕр чи у!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan