Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 46:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уырдӕм йемӕ ӕркодта йӕ цот ӕмӕ йӕ цоты цоты — йе ’ппӕт байзӕддӕгты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Уырдӕм йемӕ ӕркодта йӕ цот ӕмӕ йӕ цоты цоты — йе ’ппӕт байзӕддӕгты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 46:7
9 Iomraidhean Croise  

Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Йаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыдтой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты. Сӕ маст фыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем бакодта ӕнаккаг ми — Йаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.


Ханааны сӕм цы фос ӕмӕ цы мулк ӕрӕмбырд, уыимӕ Йаков ӕмӕ йӕ байзӕддаг ӕрцыдысты Мысырмӕ.


Мӕнӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон — Йаков ӕмӕ йӕ фырттӕ: Рувим, йӕ зӕнӕджы хистӕр.


Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Фесафдзынӕн сӕ!» Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕймаг Моисей къӕдзӕхы скъуыды ’рлӕууыди Йӕ размӕ, цӕмӕй Йын аздаха Йӕ маст, цӕмӕй сӕ Уый ма бабын кӕна.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Кӕддӕр Мӕ адӕм ацыдысты Мысырмӕ, цардысты дзы ӕрцӕуӕггӕгты цардӕй. Фӕстӕдӕр сын ассириӕгтӕ дӕр сӕ уд сӕ хъуырмӕ скодтой, ӕфхӕрдтой сӕ.


Нӕ фыдӕлтӕ Мысырмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ Мысыры бирӕ фӕцардыстӕм. Мысырӕгтӕ мах дӕр нӕ фыдӕлтау уӕлӕмӕ скӕсын нӕ уагътой.


Едомагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: уый уе ’фсымӕр у. Мысырагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: йӕ бӕстӕйы ӕрцӕуӕггаг уыдыстут.


Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.


Исаакӕн радтон Йаковы ӕмӕ Исавы. Исавӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радтон Сеиры хох, Йаков ӕмӕ йӕ фырттӕ та Мысырмӕ ацыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan