Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 46:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

34 уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 46:34
17 Iomraidhean Croise  

Аврамы ӕмӕ Лоты фыййӕутты ’хсӕн-иу рауади быцӕутӕ. Уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕ дӕр.


Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.


Фӕлӕ герараг фыййӕуттӕ фӕбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ, уый мах дон у, зӕгъгӕ. Загъд кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ Исаак уыцы цъай схуыдта Есек.


Тӕккӕ уыцы бон Лаван фӕхицӕн кодта гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уыди, уыцы цӕуты; гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уыди, уыцы сӕгъты, ома урс тӕпп дзы кӕуылдӕриддӕр уыди, уыцы цӕутӕ ӕмӕ сӕгъты. Фысты ’хсӕн та сауты фӕхицӕн кодта иннӕтӕй. Фосы йӕ фыртты бар бакодта


Йаков фехъуыста, йӕ чызг Динӕ кӕй фегад ис, уый, фӕлӕ уыцы рӕстӕг йӕ фырттӕ быдыры фос хызтой, ӕмӕ се ’рбацыдмӕ иу дзырд дӕр не схауди йӕ дзыхӕй.


Иуахӕмы Йосефы ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фос хизынмӕ ацыдысты Шехемы быдыртӕм.


Йосефӕн фынг ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр хицӕнӕй, йемӕ минасгӕнӕг мысырӕгтӕн дӕр афтӕ. Мысырӕгтӕм дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын ӕлгъагыл нымад у.


Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.


ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ ӕрбацӕут уӕ фыдимӕ ӕмӕ уӕ хӕдзаронтимӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕхх, ӕмӕ уӕхи ӕфсаддзыстут йӕ бӕркадӕй“.


Фыййау адӕм сты, фосдарджытӕ. Семӕ ӕртардтой сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, ӕрхастой се ’ппӕт исбон дӕр“.


Йосеф, фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры хуыздӕр зӕххыл, Рамсесы. Уым сын радта зӕххы хӕйттӕ.


Фараон сӕ бафарста: «Цы куыстгӕнӕг стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау фыййӕуттӕ стӕм».


Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм уымӕн ӕрцыдыстӕм цӕрынмӕ, ӕмӕ нӕ фосӕн хизӕнуат нал ис — Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман. Бар ратт дӕ цагъартӕн, цӕмӕй Гошены зӕххыл ӕрцӕрой».


Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис — хуыздӕр кӕм у, уыцы ран сӕ ӕрцӕрын кӕн. Гошены зӕххыл ӕрцӕрӕнт. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».


Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.


Моисей йын дзуапп радта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй. Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, цы нывонд ӕрхӕссинаг стӕм, уый мысырӕгтӕ банымайдзысты ӕлгъагыл. Уыдоны цӕстыты раз куы ӕрхӕссӕм нӕ нывонд, уӕд нӕ дурты бын фӕкӕндзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan