Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 46:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Фыййау адӕм сты, фосдарджытӕ. Семӕ ӕртардтой сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, ӕрхастой се ’ппӕт исбон дӕр“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

32 Фыййау адӕм сты, фосдарджытӕ. Семӕ ӕртардтой сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, ӕрхастой се ’ппӕт исбон дӕр“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 46:32
17 Iomraidhean Croise  

сӕргъӕвта йе ’ппӕт мулк, ахъӕр кодта, Паддан-Арамы кӕй самал кодта, уыцы фосыл ӕмӕ араст ис йӕ фыд Исаакмӕ, Ханааны зӕхмӕ.


Евӕйӕн ма фӕстӕдӕр райгуырд иу лӕппу — Авел, Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та кодта зӕххы куыст.


Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.


Йосеф йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн загъта: «Цӕуон фараонмӕ ӕмӕ йын фехъусын кӕнон: „Ханааны зӕххӕй мӕм ӕрцыдысты ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ фыды ӕппӕт хӕдзаронтӕ.


Фараон уӕм куы фӕдзура ӕмӕ уӕ куы бафӕрса, цы куыстгӕнӕг стут, зӕгъгӕ,


уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».


Фараон сӕ бафарста: «Цы куыстгӕнӕг стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау фыййӕуттӕ стӕм».


Ной ныллӕууыди зӕххы куыстыл. Фыццаг сӕндон уый сарӕзта.


Хирам ын уырдӕм, денджызон хъуыддӕгты баххуысы охыл, Соломоны адӕмимӕ фӕлтӕрдджын наудзогты арвыста.


Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ.


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Уыдонӕй алчидӕр зӕгъдзӕн: «Ӕз пехуымпар нӕ, фӕлӕ зӕхкусӕг дӕн. Мӕ сабибонтӕй мӕм зӕххӕй уӕлдай ницы ис».


Самуел Йессейы бафарста: «Адон де ’ппӕт цот сты?» Йессей дзуапп радта: «Баззад ма кӕстӕр. Ныртӕккӕ фыстӕ хизы». Самуел ын бафӕдзӕхста: «Арвит ӕм. Цалынмӕ уый ӕрбацӕуа, уӕдмӕ фынгыл не ’рбаддзыстӕм».


Давид та-иу Саулӕй ацыд Вифлееммӕ, йӕ фыды фыстӕ хизынмӕ, стӕй та-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan