Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 46:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Йаков Йосефмӕ арвыста Иудӕйы, цӕмӕй уый йӕ размӕ рацӕуа Гошенмӕ. Ӕмӕ Йаков йӕ хӕдзаронтимӕ Гошены зӕхмӕ куы бахӕццӕ ис,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

28 Йаков Йосефмӕ арвыста Иудӕйы, цӕмӕй уый йӕ размӕ рацӕуа Гошенмӕ. Ӕмӕ Йаков йӕ хӕдзаронтимӕ Гошены зӕхмӕ куы бахӕццӕ ис,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 46:28
7 Iomraidhean Croise  

афтӕмӕй сусӕгӕй алыгъд йе ’ппӕт исбонимӕ. Евфраты доны сӕрты ахызт ӕмӕ йӕ ных сарӕзта Галаады хӕхтӕм.


Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Мемӕ рауадз лӕппуйы ӕмӕ ацӕуӕм. Уӕд удӕгасӕй баззайдзыстӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сабитӕ дӕр. Науӕд нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕй.


Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.


уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».


Йосеф фараонмӕ бацыдис ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй — ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. Ӕрӕнцадысты Гошены зӕххыл».


Ӕфсымӕртӕ дӕ стаудзысты, Иудӕ! Йӕ бӕрзӕйӕ ӕрцахсдзынӕ фыдгулы; ныллӕг дын кувдзысты дӕ фыды фырттӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan