Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 46:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Йосефӕн Мысыры зӕххыл райгуырдысты Менассиа ӕмӕ Ефрем, Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснат ын кӕй ныййардта, уыдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Йосефӕн Мысыры зӕххыл райгуырдысты Менассиа ӕмӕ Ефрем, Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснат ын кӕй ныййардта, уыдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 46:20
15 Iomraidhean Croise  

Фараон Йосефыл сӕвӕрдта ном Цафнат-Панеах. Усӕн ын радта Аснаты, Оны сауджын Поти-Перы чызджы. Ӕмӕ афтӕмӕй Йосеф сси ӕгас Мысыры хицау.


Йаковы ус Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Йосефмӕ хабар уыдис, дӕ фыд фӕрынчын ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ Йосеф йемӕ ракодта йӕ дыууӕ фырты, Менассиа ӕмӕ Ефремы, ӕмӕ араст ис Йаковмӕ.


Гъе афтӕмӕй сын уыцы бон Йаков раарфӕ кодта, ӕмӕ Йосефӕн загъта: «Израилы адӕм кӕрӕдзийӕн, дӕ ном аргӕйӕ, арфӕтӕ кӕндзысты. Зӕгъдзысты-иу: „Хуыцауы арфӕ сӕмбӕлӕд Ефрем ӕмӕ Менассиайау дӕуыл дӕр!“» Афтӕмӕй Ефремы фӕуӕлдӕр кодта Менассиайӕ.


Он ӕмӕ Пи-Бесеты фӕсивӕд карды амӕттаг бауыдзысты, сахартӕн сӕ иннӕ адӕмы та уацары райсдзысты.


Йосефы байзӕддӕгтӕ фӕдих сты дыууӕ хӕдзарвӕндагыл: Менассиайы ӕмӕ Ефремы хӕдзарвӕндӕгтыл. (Левийы байзӕддӕгтӕн бӕстӕйӕ хай нӕ радтой, ӕрмӕст сын цӕрынӕн радтой сахартӕ, стӕй сахаргӕрӕтты сӕрвӕттӕ се стуртӕ ӕмӕ сӕ лыстӕг фос хизынӕн.)


Йӕ хал схаудта Йосефы фыццаг зӕнӕг Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. Менассиайы фыццаг зӕнӕг Махирӕн — Галаады фыдӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хай — Галаад ӕмӕ Башан — райстой раздӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan