Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 46:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕхсӕвы йӕм Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Йаков! Йаков!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Ӕхсӕвы йӕм Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Йаков! Йаков!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 46:2
23 Iomraidhean Croise  

Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».


Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.


Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».


Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы. Басидт ӕм: «Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».


афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».


Хуыцауы зӕд мӕм фыны басидт: „Йаков!“ Ӕз ын дзуапп радтон: „Хъусын дӕм“.


Цалынмӕ Захариа ӕгас уыд ӕмӕ йӕ Хуыцауы тасыл ахуыр кодта, уӕдмӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаг дӕр ӕнтысти.


Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй


Уыцы ӕхсӕв Даниил федта цӕстылуайӕн, ӕмӕ йын сусӕгдзинад раргом чындӕуыд. Даниил Хуыцауӕн арфӕ ракодта:


Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ.


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый:


Петрмӕ ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр».


Иу хатт, фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг, Корнелимӕ Хуыцауы зӕд раргом ис. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнелий!»


Уыцы ӕхсӕв Павел федта цӕстылуайӕн: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».


Дамаскы уыдис иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Ананиа. Бардарӕг ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ананиа!» Ананиа дзуапп радта: «Хъусын Дӕм, Бардарӕг».


Савл ӕрхауди зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»


Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Демӕ ӕгӕр бирӕ адӕм ис, мидианӕгты уын басӕттын нӕ бауадздзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ фестырзӕрдӕ уыдзысты, нӕхи хъарутӕй не знӕгтыл фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ.


Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Ныццу дӕлӕмӕ ӕмӕ мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырс. Ӕз демӕ дӕн, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ.


Дунедарӕг ӕрбацыди, ӕрлӕууыд ӕмӕ та ногӕй фӕсидти: «Самуел! Самуел!» Самуел дзуапп радта: «Дзур, хъусы Дӕм Дӕ цагъар».


Дунедарӕг фӕсидти Самуелмӕ, ӕмӕ уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan