Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 45:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ цагъар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ цагъар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 45:8
11 Iomraidhean Croise  

Радзырдтой йын: «Йосеф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕгас Мысыры». Йаков фӕджих ис — нӕ сыл ӕууӕндыди.


Фӕлӕ ма хъынцъым кӕнут, ардӕм мӕ кӕй ауӕй кодтат, уый фӕдыл ныр уӕхи ма хӕрут. Уымӕн ӕмӕ мӕн уӕ цурӕй ардӕм Хуыцау рарвыста сымахӕн уӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй.


Фӕхӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн фыд уыдтӕн, ӕнӕзонгӕйӕн-иу йӕ хъаст равзӕрстон лӕмбынӕг.


скӕндзынӕн ыл дӕ кадджын дарӕс, бабӕтдзынӕн ыл дӕ рон ӕмӕ йӕ дӕ бӕсты паддзахы барджынӕй сӕвӕрдзынӕн. Уый Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕн суыдзӕни сӕ фыд.


Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уый дын уӕларвӕй лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».


Уӕдӕ ӕппӕт дӕр аразгӕ у, адӕймаджы куыд фӕнды ӕмӕ хи хъаруйӕ цы кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ хорзӕхдӕттӕг Хуыцауӕй.


Дӕуӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ, чи зоны, уый тыххӕй фӕхицӕн ис, цӕмӕй йыл сӕмбӕлай ӕхсызгонӕй ӕмӕ мыггагмӕ уа демӕ,


Миха йын загъта: «Мӕнмӕ лӕуу, сауджынӕй мӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн мын суыдзынӕ. Азмӕ дын дӕс шекелы ӕвзист дӕтдзынӕн, уымӕй уӕлдай — дзаума ӕмӕ хӕринаг». Ӕмӕ левит Михамӕ баззади.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan