Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 45:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Фӕлӕ Йосефы ныхӕстӕ сӕ фыд Йаковӕн куы рафӕзмыдтой, стӕй, йӕ раласыны тыххӕй Йосеф цы уӕрдӕттӕ сӕрвыста, уыдон куы федта, уӕд фӕныфсджындӕр ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Фӕлӕ Йосефы ныхӕстӕ сӕ фыд Йаковӕн куы рафӕзмыдтой, стӕй, йӕ раласыны тыххӕй Йосеф цы уӕрдӕттӕ сӕрвыста, уыдон куы федта, уӕд фӕныфсджындӕр ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 45:27
8 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма сын бафӕдзӕхс, уӕ сабитӕ ӕмӕ, зӕгъ, уӕ устыты раласынмӕ Мысырӕй акӕнут уӕрдӕттӕ. Раласут, зӕгъ, уӕ фыды ӕмӕ ӕрбацӕут.


Израил загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕгас у нырма мӕ фырт Йосеф! Цӕуон ӕмӕ ма йӕ фенон мӕ мӕлӕты размӕ».


Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм!


Дойныйӕ чи мӕлы, уымӕн уазал дон нуазын куыд ӕхсызгон у, афтӕ ’хцон у хорз уац дард бӕстӕй.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы.


Уӕд Хуыцау Лехийы сахары цур айнӕджы цъасс байгом кодта, ӕмӕ дзы дон ракалди. Самсон йӕ дойны куы суагъта, уӕд ӕм йӕ хъару раздӕхт ӕмӕ йӕхимӕ ’рцыди. Лехийы раз цы суадон фӕзынд, уымӕн абоны онг дӕр ис ахӕм ном — Ен-ха-Коре.


Легъуийы хустӕ ӕмӕ йын дыууӕ чисмис гуылы ӕрӕвӕрдтой. Куы бахордта, уӕд мысыраг йе ’муд ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы хойраг ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan