Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 45:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Радзырдтой йын: «Йосеф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕгас Мысыры». Йаков фӕджих ис — нӕ сыл ӕууӕндыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

26 Радзырдтой йын: «Йосеф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕгас Мысыры». Йаков фӕджих ис — нӕ сыл ӕууӕндыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 45:26
17 Iomraidhean Croise  

Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой цӕу, Йосефы аив пӕлӕз райстой ӕмӕ йӕ тугӕй самӕстой.


Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ иууылдӕр ӕрбалӕууыдысты йӕ фарсмӕ, йӕ зӕрдӕ йын фӕфидар кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъардтой. Загъта: «Хъыггӕнгӕ ныххиздзынӕн мӕрдтыбӕстӕм мӕ фыртмӕ». Афтӕ йыл хъарӕг кодта йӕ фыд.


Ӕфсымӕртӕ схӕццӕ сты сӕ фыд Йаковмӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ӕрцыди, уыдӕттӕ йын рафӕзмыдтой:


Сӕ фыд Йаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Йосеф нал ис. Симеон нал ис. Бениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр мӕныл цӕуынц!»


Йаков загъта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн! Йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мын иунӕг уый баззад! Уӕ балцы рӕстӕг ыл исты бӕллӕх ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕрдтыбӕстӕм барвитдзыстут мӕ урс сӕр».


Сӕ иу мӕ куы ныууагъта, уӕд загътон, сырд ӕй аргӕвста, бӕлвырд. Ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нал федтон.


Афтӕмӕй ӕфсымӕртӕ рараст сты Мысырӕй ӕмӕ ӕрбаздӕхтысты Ханааны зӕхмӕ, сӕ фыдмӕ, Йаковмӕ.


Йосефӕн загъта: «Дӕхи дын фендзынӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн, афтӕмӕй ма мын Хуыцау дӕ байзӕддӕгты дӕр фенын кодта».


Кӕй-иу сӕм бахудтӕн, уый сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта, рухс цӕстӕй сӕм куы ракӕсин, уымӕ бӕллыдысты.


Куы Йӕм ныхъхъӕр кӕнин, ӕмӕ мын дзуапп куы раттид, уӕд дӕр мӕ нӕ бауырнид, кӕй мӕм байхъусдзӕн, уый.


Ферох кодтой Хуыцауы, сӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, Мысыры сын стыр хъуыддӕгтӕ Чи равдыста,


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куынӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз дзӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куынӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.


Хӕхтӕн сӕ бындурмӕ ныххӕццӕ дӕн, зӕхх мыл йе ’вдузӕнтӕ сӕхгӕдта мыггагмӕ, фӕлӕ мын Ды, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ уд ракӕндзынӕ зындонӕй.


Фӕлӕ сыл нӕ баууындыдысты, афтӕ сӕм фӕкаст, цыма уыдон ӕрмӕст афтид ныхӕстӕ сты.


Уыдон дзырдтой, Хицау бӕлвырд райгас ис ӕмӕ Йӕхи Симонмӕ раргом кодта, зӕгъгӕ.


Фыр цинӕй сӕ куы нӕ уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Хӕринаг уӕм ницы ис?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan