Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 45:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын уӕм, зӕгъ, ӕвгъау ма фӕкӕсӕд — Мысыры зӕххыл хуыздӕрӕй цы ис, уыдон, зӕгъ, сымах уыдзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Уӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын уӕм, зӕгъ, ӕвгъау ма фӕкӕсӕд — Мысыры зӕххыл хуыздӕрӕй цы ис, уыдон, зӕгъ, сымах уыдзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 45:20
23 Iomraidhean Croise  

Загъта: «Мӕнӕ мӕ зӕхх дӕ разы. Цӕр, кӕмдӕриддӕр дӕ фӕнды, уым».


ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ ӕрбацӕут уӕ фыдимӕ ӕмӕ уӕ хӕдзаронтимӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕхх, ӕмӕ уӕхи ӕфсаддзыстут йӕ бӕркадӕй“.


Ноджы ма сын бафӕдзӕхс, уӕ сабитӕ ӕмӕ, зӕгъ, уӕ устыты раласынмӕ Мысырӕй акӕнут уӕрдӕттӕ. Раласут, зӕгъ, уӕ фыды ӕмӕ ӕрбацӕут.


Гъемӕ афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. Йосеф сын фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ радта уӕрдӕттӕ, стӕй ма фӕндаггаг дӕр.


Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис — хуыздӕр кӕм у, уыцы ран сӕ ӕрцӕрын кӕн. Гошены зӕххыл ӕрцӕрӕнт. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».


Уӕ чызджыты сын сӕ лӕппутӕн ма дӕттут, сӕ чызджыты та сын уӕ лӕппутӕн ма курут. Уыцы зӕххыл цӕмӕй ӕрфидар уат ӕмӕ уын йӕ хорзӕхтӕй хай уа, цӕмӕй йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕйы исбонӕн ныууадзат, уый тыххӕй уӕ уымы адӕмы сӕр ничердӕм хъӕуы“.


Иу лӕг иннӕмӕ ӕвзист кӕнӕ исты дзауматӕ ӕвӕрынмӕ куы ратта, уымӕн сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавдӕуа ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг дывӕрӕй бафидӕд.


Тӕхуды ӕмӕ мӕм куы байхъусиккат! Уӕд зӕххы фарнӕй бафсӕдиккат.


Сӕ лӕппуты сын фатӕй ныццӕгъддзысты, сабитӕн нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзысты».


Фӕлӕ сын Ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ сӕ нӕ бабын кодтон, нӕ сӕ ныццагътон ӕдзӕрӕг быдыры.


Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн; дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ де ’лгъаг миты тыххӕй дӕ бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ де ’лгъаг миты тыххӕй дӕ бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн — Йӕ азары хай Чи бакӕны, Уый.


Ӕз фехъуыстон, иннӕтӕн цы загъта, уый дӕр: «Сымах та цӕут йӕ фӕдыл ӕмӕ адӕмы цӕгъдут. Уӕ цӕст сын ма фӕтӕригъӕд кӕнӕд ӕмӕ сын ма ныббарут.


Уӕлхӕдзар кӕй ӕрӕййафа, уый уырдыгӕй ма ӕрхизӕд йӕ хӕдзарӕй исты рахӕссынмӕ.


Уыцы бон уӕлхӕдзар чи уа, уый уырдыгӕй хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд йӕ дзаумӕттӕ рахӕссынмӕ. Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд.


Ма йын батӕригъӕд кӕнут! Ӕнаххос туг ныккалыны азарӕй бахизут Израилы, ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзыстут.


Ма батӕригъӕд кӕн: уды ныхмӕ — уд, цӕстӕн — цӕст, къухӕн — къух, къахы ныхмӕ — къах!


Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.


Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты ’хсӕн бамбӕхстой.


Уӕд та Дунедарӕджы бафарстой: «Ӕрбацӕудзӕни ма ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Уӕртӕ чырӕйы ’хсӕн бамбӕхсти».


Давид йӕ адӕмӕн загъта: «Алчидӕр уӕ йӕ кард йӕ астӕуыл бабӕттӕд». Ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ кард йӕ астӕуыл бабаста, Давид йӕхӕдӕг дӕр. Давиды фӕдыл ацыд иу-цыппарсӕдӕ лӕджы, дыууӕсӕдӕйӕ та асадӕны баззадысты.


Ничи сразы уыдзӕн уӕ фӕндыл. Хӕцынмӕ чи ацыд, уымӕн цы хай ӕмбӕлы, ахӕм хай ӕмбӕлы, рӕсӕнуаты чи баззад, уымӕн дӕр. Ӕмхуызон хӕйттӕ сӕм хауы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan