Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 45:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Цӕссыг калгӕйӕ, Йосеф фӕбатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бон сси йемӕ ныхас кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Цӕссыг калгӕйӕ, Йосеф фӕбатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бон сси йемӕ ныхас кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 45:15
17 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ Йаков Рахелӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.


Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Йаковы кой куы ’рцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Йаков ын йӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта,


Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕбатӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой.


Иуварс рацыд Йосеф ӕмӕ ныккуыдта. Фӕстӕмӕ сӕм куы баздӕхт ӕмӕ та семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд Симеоны иннӕтӕй фӕхицӕн кодта ӕмӕ йӕ сӕ цуры сбӕттын кодта.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йосеф йе ’фсымӕр Бениамины ӕфцӕджы ныттыхст ӕмӕ ныккуыдта. Йосефыл ныттыхсгӕйӕ, куыдта Бениамин дӕр.


Фараоны галуанмӕ байхъуысти, зӕгъгӕ, ӕрцыдысты Йосефы ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уыцы хабар фараонӕн ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн дӕр ӕхсызгон уыди.


фӕлӕ афтӕ тынг куыдта, ӕмӕ йӕ мысырӕгтӕ дӕр фехъуыстой. Суанг фараоны галуанмӕ дӕр байхъуысти уыцы хабар.


уӕд Йосеф дӕр сифтыгъта йӕ уӕрдон ӕмӕ ссыди Гошенмӕ, йӕ фыд Израилмӕ. Йӕ цуры куы балӕууыди, уӕд йе ’фцӕджы ныттыхст ӕмӕ бирӕ фӕкуыдта.


Йоав паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ куы рафӕзмыдта, уӕд паддзах Авессаломмӕ фӕсидти. Уый ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы раз зӕххыл ныддӕлгом ис. Паддзах Авессаломӕн аба кодта.


уый мах сӕ байзӕддагӕй нӕ бамбӕхсдзыстӕм: фӕстагӕттӕн ракӕндзыстӕм Дунедарӕджы кады хъуыддӕгты, Йӕ хъомысы, Йӕ диссӕгты кой.


Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ ацу». Уый фӕраст ис, фембӕлд ыл Хуыцауы хохы рӕбын ӕмӕ йын аба кодта.


Уыйадыл сыстад ӕмӕ ацыди йӕ фыдмӕ. Фыд ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Разгъордта йӕм, йе ’фцӕгыл ын ныттыхсти ӕмӕ йын батӕ кодта.


Иууылдӕр куыдтой, йе ’фцӕгыл-иу ын ныттыхстысты ӕмӕ йын батӕ кодтой.


Чындзытӕ та ногӕй нырдиаг кодтой ӕмӕ ныккуыдтой. Орпа аба кодта йе ’фсинӕн ӕмӕ аздӕхти йӕ адӕммӕ, Руф та баззади йемӕ.


Дунедарӕг уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ ног мойы хӕдзары ӕнцой куыд ссара». Ӕмӕ сын аба кодта, фӕлӕ чындзытӕ ӕрдиаг систой ӕмӕ, кӕугӕйӕ, загътой:


Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.


Лӕппу араст ис, Давид та обауы хуссарварсӕй рацыд ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом. Ӕртӕ хатты ныллӕг акуывта Ионатанӕн, стӕй кӕрӕдзийӕн аба кодтой ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй ныккуыдтой. Уӕлдай тынгдӕр куыдта Давид.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan