Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 45:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 45:10
12 Iomraidhean Croise  

уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».


Йосеф фараонмӕ бацыдис ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй — ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. Ӕрӕнцадысты Гошены зӕххыл».


Йосеф йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн, кӕмӕн цал сабийы уыди, уымӕ гӕсгӕ, хойраг лӕвӕрдта.


Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм уымӕн ӕрцыдыстӕм цӕрынмӕ, ӕмӕ нӕ фосӕн хизӕнуат нал ис — Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман. Бар ратт дӕ цагъартӕн, цӕмӕй Гошены зӕххыл ӕрцӕрой».


Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис — хуыздӕр кӕм у, уыцы ран сӕ ӕрцӕрын кӕн. Гошены зӕххыл ӕрцӕрӕнт. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».


Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.


Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.


Ихуард нӕ уыдис ӕрмӕстдӕр Гошены зӕххыл — уым израилӕгтӕ цардысты.


Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.


Йосеф арвыста хонӕг йӕ фыд Йаков ӕмӕ йе ’ппӕт хиуӕттӕм — фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймагмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan