Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Мемӕ рауадз лӕппуйы ӕмӕ ацӕуӕм. Уӕд удӕгасӕй баззайдзыстӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сабитӕ дӕр. Науӕд нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Мемӕ рауадз лӕппуйы ӕмӕ ацӕуӕм. Уӕд удӕгасӕй баззайдзыстӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сабитӕ дӕр. Науӕд нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:8
14 Iomraidhean Croise  

Мысыры хор ис, зӕгъгӕ, фехъуыстон, цӕугӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй удӕгасӕй баззайӕм, науӕд амӕлдзыстӕм».


Йаков загъта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн! Йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мын иунӕг уый баззад! Уӕ балцы рӕстӕг ыл исты бӕллӕх ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕрдтыбӕстӕм барвитдзыстут мӕ урс сӕр».


Мах не ’лдарӕн дзуапп радтам, зӕгъгӕ, ис нын зӕронд фыд, уымӕн та ма — кӕстӕр фырт, йӕ зӕры бонты йын райгуырди. Лӕппуйӕн йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мады зӕнӕгӕй иунӕг уый баззади. Нӕ фыд ыл ӕнувыд у.


уӕд ын дзуапп радтам: „Нӕй нын ацӕуӕн. Ацӕудзыстӕм ӕрмӕстдӕр уӕд, нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ куы уа, — ӕнӕ уымӕй нӕ бон нӕу уыцы лӕгмӕ нӕхи равдисын“.


Ноджы ма сын бафӕдзӕхс, уӕ сабитӕ ӕмӕ, зӕгъ, уӕ устыты раласынмӕ Мысырӕй акӕнут уӕрдӕттӕ. Раласут, зӕгъ, уӕ фыды ӕмӕ ӕрбацӕут.


Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сабиты дӕр дардзынӕн». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Йосеф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.


стӕй Йосефы хӕдзаронтӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — йӕ фыды ӕппӕт хӕдзар. Гошены зӕххыл ма баззадысты ӕрмӕст сӕ сабитӕ, сӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвос.


Ууыл ын йӕ дӕлдӕртӕй иу зӕгъы: «Ам ма нӕм фондз бӕхы баззад, ӕмӕ сӕ райсӕнт. Уыдон дӕр мӕлынц, ӕппӕт израилӕгтау. Сгарджытӕ арвитӕм ӕмӕ хъуыддаг базонӕм».


Сахармӕ куы бацӕуӕм, уӕд уым адӕм сыдӕй мӕлынц, ӕмӕ мах дӕр амӕлдзыстӕм. Ам куы баззайӕм, уӕд дӕр — афтӕ. Фӕлтау сириӕгты рӕсӕнуатмӕ ацӕуӕм, ӕмӕ нӕ сӕрӕгасӕй куы ныууадзой, уӕд цӕрдзыстӕм, куы нӕ амарой, уӕд та амӕлдзыстӕм».


Уыйадыл уым, Ахавайы цӕугӕдоны был, ӕз комдарӕн расидтӕн, нӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ Йӕм скуывтон, цӕмӕй нӕ ӕд исбон рӕствӕндаг фӕкӕна нӕ цотимӕ.


Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, ӕмӕ цӕргӕбонты ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхас.


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.


Уӕ сабиты та, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, уацары хай фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уыдоны та бакӕндзынӕн Ӕз уырдӕм, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, сымах былысчъилтӕ кӕуыл кодтат, уыцы бӕстӕ цыхуызӕн у, уый.


Ма амӕлӕд Рувим, цӕрӕд, йӕ байзӕддӕгтӕ чысыл ма уӕнт!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan