Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:3
13 Iomraidhean Croise  

Ӕфсымӕртӕ Мысырӕй цы хор сластой, уый куы фӕци, уӕд та сын сӕ фыд загъта: «Ацӕут ӕмӕ ма иу чысыл балхӕнут хойраг».


Не ’фсымӕры нын немӕ куы рауадзай, уӕд ацӕудзыстӕм ӕмӕ дын балхӕндзыстӕм хойраг,


куынӕ йӕ рауадзай, уӕд та нӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы лӕг загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ».


Фӕлӕ ды дӕ цагъартӕн загътай: уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куынӕ ’рцӕуа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут.


Фӕлӕ паддзах загъта: «Йӕ хӕдзармӕ цӕуӕд, йӕхи мын ма фенын кӕнӕд». Афтӕмӕй Авессалом йӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхти, фӕлӕ йын паддзахы размӕ фӕндаг нӕ уыд.


Авессалом Йерусалимы фӕци дыууӕ азы, фӕлӕ нырма паддзахы нӕ федта.


Авессалом ын загъта: «Ӕз дӕм ӕрвыстон, цӕмӕй мӕм ӕрбацӕуай ӕмӕ дӕ паддзахмӕ барвитон ӕмӕ йын мӕ номӕй зӕгъай: „Цӕмӕн, зӕгъ, ӕрбаздӕхтӕн ӕз Гешурӕй? Фӕлтау уым куы баззадаин! Паддзахы куы фенин, уый мӕ фӕнды. Кӕд мӕм исты азым ис, уӕд мӕ амарӕд“».


«Хорз, — дзуапп ын радта Давид, — сараздзынӕн. Ӕрмӕст дӕ иу хъуыддаг курын: дӕхи мын ма фенын кӕн, Саулы чызг Мелхолӕйы мын демӕ куынӕ ӕрбахонай, уӕд».


Ӕмӕ ныр зонын, сымах иууылдӕр — кӕй ӕхсӕн цардтӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн дзырдтон — мӕн кӕй нал фендзыстут, уый.


Афтӕ кӕй загъта, нал мӕ фендзыстут, зӕгъгӕ, уӕлдай зын та сын уый уыди. Уый фӕстӕ йӕ афӕндараст кодтой наумӕ.


Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ӕфхӕрынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan