Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Йосеф сыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ йе ’фсымӕр, йӕ мады зӕнӕг Бениамины куы ауыдта, уӕд сӕ бафарста: «Уый, кӕй кой мын кодтат, уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

29 Йосеф сыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ йе ’фсымӕр, йӕ мады зӕнӕг Бениамины куы ауыдта, уӕд сӕ бафарста: «Уый, кӕй кой мын кодтат, уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:29
22 Iomraidhean Croise  

Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин.


Мах не ’ппӕт дӕр — иу лӕджы фырттӕ, ӕууӕнкджын адӕм стӕм. Дӕ цагъартӕ никуы уыдысты сгарджытӕ».


Уыдон ын загътой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕрӕй иу лӕджы фырттӕ стӕм, ханаанӕгтӕ. Кӕстӕр ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис, нӕ иу ӕфсымӕр та нал ис».


Ды дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай, ӕркӕнут мӕм ӕй ӕмӕ йӕ фенон, зӕгъгӕ,


Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ цагъар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.


Мӕ хъӕбултӕ, ӕнӕмӕт ма ут! Дунедарӕг уӕ равзӕрста, цӕмӕй Йӕ разы лӕууат, лӕггад Ын кӕнат ӕмӕ Йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзат, уый тыххӕй!»


Рӕстгӕнджытӕн сӕудары дӕр рухс скӕсы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хатыргӕнаг, рӕдау ӕмӕ рӕстаг у.


Бӕрзонд у Дунедарӕг ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ, арвӕй уӕлдӕр — Йӕ кад.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.


Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм, бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг. Хуыцау уын ныббардзӕни, куы Йӕм сдзыназат, уӕд. Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын, афтӕ уын дзуапп ратдзӕни.


Дунедарӕг, тӕригъӕд бакӕн, мах нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, ӕрвылрайсом нӕ цонджы хъару басгуых, фыд заман нӕ фервӕзын кӕн!


Уӕдӕ кувут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныххатыр кӕна. Фӕлӕ Йын ахӕм нывӕндтӕ куы хӕссат, уӕд уӕ Йӕ хорзӕхы аккаг куыд хъуамӕ скӕна? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Дунедарӕг дӕм рухс цӕстӕй ракӕсӕд ӕмӕ дын батӕригъӕд кӕнӕд!


Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».


Йесо акасти фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайсахат сдзӕбӕх ис.


Йӕ ныхӕстӕ ахуыргӕнинӕгты дисы бафтыдтой. Фӕлӕ сын Йесо ногӕй загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, ӕвӕдза, [мулкӕй ныфс кӕй ис, уымӕн] куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!


Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Ӕфсымӕртау иудадзыг уарзут кӕрӕдзи.


Йешуа загъта Аханӕн: — Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan