Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

28 Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:28
8 Iomraidhean Croise  

Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой».


Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты.


Ӕртыккаг бон Саулы рӕсӕнуатӕй уырдӕм иу лӕг ӕрбацыди, йӕ дарӕс пырх, йӕ сӕр та рыгӕй нал зынд, афтӕмӕй. Давидмӕ бацыди ӕмӕ йын ныллӕг акуывта.


Текоайаг сылгоймаг паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис. Загъта: «Паддзах, баххуыс кӕн!»


Вирсави ныллӕг бакуывта паддзахӕн, ӕмӕ йӕ уый бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?»


Йеходайы амӕлӕты фӕстӕ Иудейы уӕздӕттӕ ’рбацыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг ӕркуывтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сын паддзах сӕ уынаффӕтӕм хъусын байдыдта.


Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan