Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Йосеф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Йосеф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:27
12 Iomraidhean Croise  

Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,


Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».


Мах не ’ппӕт дӕр — иу лӕджы фырттӕ, ӕууӕнкджын адӕм стӕм. Дӕ цагъартӕ никуы уыдысты сгарджытӕ».


Уыдон ын загътой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕрӕй иу лӕджы фырттӕ стӕм, ханаанӕгтӕ. Кӕстӕр ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис, нӕ иу ӕфсымӕр та нал ис».


Загътой йын: «Рафӕрс-бафӕрс нӕ фӕкодта уыцы лӕг, чи стӕм, бинонтӕ нын цы ис, нӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, ӕмӕ йын йӕ фӕрстытӕн дзуапп лӕвӕрдтам мах дӕр. Уе ’фсымӕры мӕм ӕркӕнут, зӕгъгӕ нӕ бадомдзӕни, уый ӕнхъӕл чи уыд?»


Йосеф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Йосеф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын.


Рӕвдз йӕ размӕ ауай ӕмӕ йӕ бафӕрс, йӕхӕдӕг дӕр, йӕ мой дӕр ӕмӕ йӕ саби дӕр куыд сты, уымӕй!» Сылгоймаг Гиезийӕн загъта: «Дзӕбӕх стӕм».


ӕмӕ йӕ фырт Хадорамы паддзах Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын салам ратта ӕмӕ йын, Адад-Езерыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй арфӕ ракӕна. Уымӕн ӕмӕ Тои ӕмӕ Адад-Езеры ’хсӕн ӕдзухдӕр хӕстытӕ цыди. Хадорам Давидӕн йемӕ сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ ахаста.


Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.


Уыйадыл уыцы лӕгтӕ Михайы хӕдзармӕ, ӕрыгон левит кӕм цардис, уыцырдӕм фӕзылдысты, бацыдысты мидӕмӕ ӕмӕ левитӕн салам радтой.


Давид йӕ уаргъ рӕсӕнуатгӕсмӕ фӕуагъта ӕмӕ ӕфсӕдты цурмӕ ауади. Куы бахӕццӕ, уӕд йе ’фсымӕртӕн салам радта.


ӕмӕ арвыста дӕс лӕппуйы. Бафӕдзӕхста сын: «Ссӕут Кармелмӕ ӕмӕ бацагурут Навалы. Салам ын раттут мӕ номӕй


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan