Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

23 Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:23
17 Iomraidhean Croise  

Иуварс рацыд Йосеф ӕмӕ ныккуыдта. Фӕстӕмӕ сӕм куы баздӕхт ӕмӕ та семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд Симеоны иннӕтӕй фӕхицӕн кодта ӕмӕ йӕ сӕ цуры сбӕттын кодта.


Йе ’фсымӕртӕм дзуры: «Ме ’взист мӕм фӕстӕмӕ раздӕхти. Мӕнӕ ма — мӕ голладжы ис». Ӕфсымӕртӕ хорзау нал фесты ӕмӕ, сӕхимидӕг баризгӕйӕ, дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын Хуыцау цы кӕны?»


Сӕ фыд Йаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Йосеф нал ис. Симеон нал ис. Бениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр мӕныл цӕуынц!»


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Бениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»


Ӕрхастам ма ӕндӕр ӕвзист дӕр, ногӕй та хойраг балхӕнынмӕ. Айразмӕ нын не ’взист нӕ голджыты чи нывӕрдта, уымӕн ницы зонӕм».


Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти, фӕстӕдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджыны хистӕр чи сси, уыцы Амасайыл, ӕмӕ уый загъта: «Мах дӕу стӕм, Давид! Мах демӕ стӕм, Йессейы фырт! Фарн дӕм бадзурӕд, фарн бадзурӕд де ’ххуысгӕнджытӕм, — ауды дыл дӕ Хуыцау». Давидӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ йе ’фсадӕн хицӕуттӕй баурӕдта.


Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй дӕр Давидимӕ баиу ис иу къорд, уый филистимӕгтимӕ Саулы ныхмӕ схӕцынмӕ куы цыди, уӕд. Ӕцӕг сын нӕ баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ ауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ раздӕхтой. Загътой: «Йӕ хицау Саулы фарс фӕуыдзӕн ӕмӕ нӕ ныхмӕ рацӕудзӕн».


Паддзах дзуапп арвыста уынаффӕгӕнӕг Рехуммӕ ӕмӕ нымӕрдар Шимшаймӕ, стӕй Самарийы ӕмӕ доны фале иннӕ сахарты цӕрӕг сӕ иннӕ ӕмбӕлттӕм: «Дунейы фарн уын ӕххуысгӕнӕг уӕд!


Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым уал-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“


Уыдӕттыл куы ныхас кодтой, уӕд Йесо Йӕхӕдӕг се ’хсӕн ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»


Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.


Уыцы бон изӕрӕй, къуырийы фыццаг бон, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбырдӕй уыдысты иумӕ. Иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдтой. Уӕд уатмӕ ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ разы ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»


Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут! Мӕ Фыд Мӕн куыд рарвыста, афтӕ Ӕз дӕр сымах ӕрвитын».


Аст боны фӕстӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты хӕдзары, Фома дӕр — семӕ. Дуӕрттӕ ӕхгӕд уыдысты, афтӕмӕй ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ астӕу ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»


Зӕронд лӕг ын загъта: «Ма тыхс, цы уӕ хъӕуа, уый уын ратдзынӕн. Уе ’хсӕв уынджы ма арвитут».


Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрсабыр у! Ма тӕрс, нӕ амӕлдзынӕ».


ӕмӕ йын зӕгъут: „Фарн дӕм бадзурӕд! Фарн дӕ хӕдзары дӕр ӕмӕ дӕ исбоны дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan