Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 «Дӕ хорзӕхӕй, не ’лдар, иу ныхасы бар! Айразмӕ дӕр ма уыдыстӕм ам хойраг балхӕнынмӕ

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 «Дӕ хорзӕхӕй, не ’лдар, иу ныхасы бар! Айразмӕ дӕр ма уыдыстӕм ам хойраг балхӕнынмӕ

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:20
9 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ, не ’лдар, дӕ цагъартӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрбацыдысты.


Фӕндагыл ӕхсӕвиуат кӕм бакодтой, уым ӕфсымӕртӕй иу, хӕрӕгӕн холлаг раттон, зӕгъгӕ, йӕ голладжы ком райхӕлдта, ӕмӕ дзы йе ’взист куы ауынид.


Ӕмӕ Йосефы дӕс ӕфсымӕры хор ӕлхӕнынмӕ араст сты Мысырмӕ.


Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ равдӕлон кӕнынмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд алкӕмӕн дӕр йе ’взисты дзӕкъул йӕ голладжы куы разынид. Уый фенгӕйӕ, старстысты — сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр.


Къӕсӕры раз Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ бахатыдысты:


ӕмӕ, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, ӕхсӕвиуаты кӕм ӕрӕнцадыстӕм, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд нӕ алкӕй ӕвзист дӕр — чи цы бафыста, уый — йӕ голладжы разынд. Ӕмӕ уыцы ӕвзист фӕстӕмӕ ӕрхастам.


Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ.


Загътой йын: «Рафӕрс-бафӕрс нӕ фӕкодта уыцы лӕг, чи стӕм, бинонтӕ нын цы ис, нӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, ӕмӕ йын йӕ фӕрстытӕн дзуапп лӕвӕрдтам мах дӕр. Уе ’фсымӕры мӕм ӕркӕнут, зӕгъгӕ нӕ бадомдзӕни, уый ӕнхъӕл чи уыд?»


ӕмӕ сӕ иу зӕгъы: «О мӕ паддзах! Ӕз ӕмӕ мӕнӕ ацы сылгоймаг иу хӕдзары цӕрӕм, ӕмӕ уый йӕхи цӕстӕй федта, лӕппу куыд ныййардтон, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan