17 Уыйадыл сӕ уый Йосефы хӕдзармӕ акодта.
Йосеф сын семӕ Бениамины куы федта, уӕд, йӕ хӕдзар кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмы хӕдзармӕ акӕн, стӕй фосӕй исты аргӕвд ӕмӕ фынг ацӕттӕ кӕн — сихорыл мемӕ иу фынгыл баддзысты».
Ӕфсымӕрты тас бацыд, Йосефы хӕдзармӕ сӕ куы бакодтой, уӕд: «Айразмӕ нын нӕ голджыты фӕстӕмӕ цы ӕвзист нывӕрдӕуыди, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодтой ардӕм. Ам нӕ бауромдзысты ӕмӕ нӕ сӕхицӕн цагъартӕ скӕндзысты, нӕ хӕрджыты дӕр нын байсдзысты».