Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр райсут уемӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ голджыты цы ӕвзист нывӕрдтой, уый дӕр фӕстӕмӕ хӕсгӕ у. Чи зоны, ӕмӕ сын ӕнӕбары афтӕ рауади.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр райсут уемӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ голджыты цы ӕвзист нывӕрдтой, уый дӕр фӕстӕмӕ хӕсгӕ у. Чи зоны, ӕмӕ сын ӕнӕбары афтӕ рауади.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:12
12 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ Йосеф бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной, алкӕмӕн дӕр йе ’взист фӕстӕмӕ йӕ голладжы нывӕрой, фӕндаггагӕй дӕр сӕ сифтонг кӕной. Ӕмӕ сын афтӕ бакодтой.


Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ равдӕлон кӕнынмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд алкӕмӕн дӕр йе ’взисты дзӕкъул йӕ голладжы куы разынид. Уый фенгӕйӕ, старстысты — сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр.


Бениамины дӕр уемӕ акӕнут ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут уыцы лӕгмӕ.


ӕмӕ, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, ӕхсӕвиуаты кӕм ӕрӕнцадыстӕм, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд нӕ алкӕй ӕвзист дӕр — чи цы бафыста, уый — йӕ голладжы разынд. Ӕмӕ уыцы ӕвзист фӕстӕмӕ ӕрхастам.


Ӕрхастам ма ӕндӕр ӕвзист дӕр, ногӕй та хойраг балхӕнынмӕ. Айразмӕ нын не ’взист нӕ голджыты чи нывӕрдта, уымӕн ницы зонӕм».


Йӕ фыдӕх фыдӕхӕй макӕмӕн фидут. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл.


Кӕрӕдзийы уарзынӕй дарддӕр макӕмӕй мацы хӕс дарут. Уымӕн ӕмӕ, иннӕйы чи уарзы, уый Ӕгъдау сӕххӕст кодта.


Мах тырнӕм, цӕмӕй ӕппӕт дӕр нывыл уа ӕрмӕст Бардарӕджы цӕсты нӕ, фӕлӕ адӕмы цӕсты дӕр.


Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.


Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн.


Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.


Йесо Чырысти знон цавӕр уыд, абон дӕр ахӕм у ӕмӕ мыггагмӕ дӕр ахӕм уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan