Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:11
37 Iomraidhean Croise  

Йаков дзуапп радта: «Нӕ, кӕд мыл ӕввӕрсыс, уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти.


Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаелонты чырӕ — сӕ теуатыл Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, ӕвдадз ӕмӕ буд.


Фӕстиат куынӕ кодтаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты сыздӕхтаиккам Мысырӕй».


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Бениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»


Ӕфсымӕртӕ ӕрцӕттӕ кодтой хуынтӕ, райстой дыууӕ хатты фылдӕр ӕвзист ӕмӕ семӕ акодтой Бениамины дӕр. Мысырмӕ куы ныццыдысты, уӕд Йосефы раз ӕрлӕууыдысты.


Ӕфсымӕртӕ сихорафонмӕ, Йосефы ӕрбацыдмӕ, ӕрцӕттӕ кодтой сӕ хуынтӕ, уымӕн ӕмӕ сын загъдӕуыди, сихор уым кӕй кӕндзысты.


Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты.


Уымӕй уӕлдай ма йӕм сыгъзӕрин хӕццӕ кодта йӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сӕудӕджерты куыстӕй, стӕй йӕ бӕстыхицӕуттӕй ӕмӕ Аравийы паддзӕхтӕй дӕр.


Афӕдзӕй-афӕдзмӕ-иу ын уыдонӕй алчидӕр ӕрбаласта йӕ лӕвӕрттӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ, хъӕздыг дарӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфсытӕ.


«Демӕ мӕ фӕнды цӕдис скӕнын, мӕ фыд ӕмӕ дӕ фыды ’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Цӕдисы нысанӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ курын: Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал ӕмӕ бацархай, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй айса йӕхи».


Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты.


Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы хӕзнадӕтты ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон дӕр Ахаз лӕварӕн арвыста Ассирийы паддзахӕн.


Уыцы заман Баладаны фырт Меродах-Баладан, Вавилоны паддзах, фехъуыста Езекиайы рынчыны хабар, ӕмӕ йын ӕрбарвыста фыстӕг ӕмӕ лӕвӕрттӕ.


Паддзах Хазаелӕн загъта: «Хуынимӕ ацу Хуыцауы минӕвары размӕ, ӕмӕ мын Хуыцауы бафӕрсӕд, сдзӕбӕх уыдзынӕн ӕви нӕ».


«Цӕугӕ ӕмӕ, Шушаны цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны ӕрбамбырд кӕн, ӕмӕ мӕн тыххӕй ком бадарут — ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтимӕ афтӕ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй, кӕд уагӕвӕрд уый нӕ бары, уӕддӕр паддзахмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ, кӕд мӕлон, уӕд уадз ӕмӕ амӕлон».


Царды чиныгӕй сын ахахх кӕн сӕ нӕмттӕ, рӕстгӕнджыты хыгъдмӕ сӕ куыннӕ бахӕссой.


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух раздӕры хуызӕн нал у».


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Ӕнӕзонд ивазы йӕ къух, искӕй ӕвджид ныллӕууынмӕ тагъд кӕны.


Зондджыны зӕрдӕ йӕ зондыл ӕфтауы, куырыхонты хъустӕ агурынц зонынад.


Стыр хицӕутты раз козбау митӕ бирӕтӕ фӕкӕнынц, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уымӕн алчидӕр йе ’рдхорд у.


Сусӕг лӕвар маст басабыр кӕны, фӕччийы бын цы гӕртам ӕмбӕхст ис, уый хъӕхъхъаг маст дӕр бауромы.


О мӕ хо, мӕ къайаг! Куыд ӕхсызгон мын у дӕ рӕвдыд, о, цас адджындӕр у сӕнӕй! Дӕ буары хӕрздӕф — дунейы ӕппӕт хӕрздӕфгӕнӕнтӕй хуыздӕр!


— О, лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон! Хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ цы хӕхтыл зайынц, уыдоны сӕрты саг кӕнӕ сычъийау азгъор!


Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»


Демӕ базар кодтой Деданы сӕудӕджертӕ дӕр, стӕй денджызгӕрон сахартӕй бирӕтӕ. Ӕрбаластой-иу дын пылыстӕг ӕмӕ сау хъӕдӕрмӕг.


Демӕ базар кодтой Иудей ӕмӕ Израил. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой Миннитӕй ласт мӕнӕу, легъуитӕ, мыд, оливӕйы сой ӕмӕ ӕвдадз.


Демӕ базар кодтой Сава ӕмӕ Раамайы сӕудӕджертӕ. Дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ хуыздӕр базайрӕгтӕ: алы ӕвдадз, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ сыгъзӕрин.


Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый.


Куынӕ йӕ басастам, уӕд банцадыстӕм ӕмӕ загътам: «Бардарӕджы куыд фӕнды, афтӕ уӕд!»


уӕз кӕнынц йӕ зӕххӕн хурӕй ӕфсӕст ӕмӕ мӕйӕ рӕвдыд бӕркӕдтӕ;


Мӕнӕ дӕ цагъар ме ’лдарӕн цы лӕвӕрттӕ рахаста, уыдон. Ме ’лдары фӕсдзӕуинтӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕнт.


Уӕд Саул йе ’ххуырстӕн афтӕ: «Бацӕуӕм ӕм, фӕлӕ йын хӕсгӕ та цы бакӕндзыстӕм? Ӕгӕрыстӕмӕй нӕ хордзенты дзул дӕр куы нал ис. Лӕварӕн ын немӕ цы айсӕм, уый дӕр нӕм нӕй. Цы нӕм ис?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan