Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 42:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йосефы зӕрдыл ӕрлӕууыди, кӕддӕр сӕ йӕ фынты куыд федта, уый ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгарджытӕ стут. Нӕ бацӕуӕнтӕ нын басгарынмӕ фӕзындыстут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Йосефы зӕрдыл ӕрлӕууыди, кӕддӕр сӕ йӕ фынты куыд федта, уый ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгарджытӕ стут. Нӕ бацӕуӕнтӕ нын басгарынмӕ фӕзындыстут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 42:9
15 Iomraidhean Croise  

Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.


Уӕ иуы арвитут уе ’фсымӕры ӕркӕнынмӕ, иннӕтӕ та уӕдмӕ ахӕстоны абадӕнт. Афтӕмӕй раргом уыдзӕн, уӕ ныхӕстӕ раст сты ӕви нӕ. Раст куынӕ разыной, уӕд, фараонӕй ард хӕрын, сгарджытӕ стут».


Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕркӕнут, ӕмӕ мӕ уӕд бауырндзӕни, сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕм кӕй стут, уый. Уӕд уын суӕгъд кӕндзынӕн уӕ иннӕ ӕфсымӕры, стӕй уын а зӕххыл уыдзӕни сӕудӕджер кӕныны бар дӕр“».


Фӕлӕ аммонаг барджынтӕ сӕ паддзахӕн, Ханунӕн, загътой: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй сахарыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной».


Дунедарӕг Израилы адӕмы бафхӕрдта, Аарон сын цы уӕныг скодта, уый тыххӕй.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Уӕд Йесойы аивӕй хъахъхъӕнын райдыдтой ӕмӕ Йӕм, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм мӕнгард лӕгты барвыстой, цӕмӕй Йӕ уыдон исты ныхасӕй ӕрцахсой — хицауады, ромаг бӕстыхицауы къухмӕ Йын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ.


Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы хӕтаг Рахав суазӕг кодта сгарджыты ӕмӕ нӕ бабын ис ӕнӕсӕттонтимӕ.


Нуны фырт Йешуа Ситтимӕй дыууӕ сгарӕджы арвыста сусӕгӕй, бафӕдзӕхста сын: «Цӕут, фенут уыцы зӕхх, уӕлдайдӕр — Йерихон». Сгарджытӕ араст сты Йерихонмӕ ӕмӕ уым се ’хсӕв бахастой иу хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ.


Сахар ӕд ис-бис израилӕгтӕ басыгътой, ӕрмӕст дзы ӕвзистӕй, сыгъзӕринӕй, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг дзаумӕттӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон Дунедарӕджы хӕдзары хӕзнадонмӕ радтой.


Иу лӕджы дзы рацӕугӕ куы федтой, уӕд ын загътой: «Сахармӕ кӕуылты бахизӕм, уый нын бацамон, ӕмӕ дын дӕ хорз хорзӕй бафиддзыстӕм».


уӕд арвыста сгарджытӕ ӕмӕ бӕстон базыдта, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan