Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 42:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 Йаков загъта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн! Йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мын иунӕг уый баззад! Уӕ балцы рӕстӕг ыл исты бӕллӕх ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕрдтыбӕстӕм барвитдзыстут мӕ урс сӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

38 Йаков загъта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн! Йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мын иунӕг уый баззад! Уӕ балцы рӕстӕг ыл исты бӕллӕх ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕрдтыбӕстӕм барвитдзыстут мӕ урс сӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 42:38
20 Iomraidhean Croise  

Йаков ӕй базыдта ӕмӕ ныккӕрзыдта: «Ай мӕ фырты пӕлӕз куы у! Тугдзых сырд бахордта Йосефы! Аргӕвста йӕ!»


Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.


Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ иууылдӕр ӕрбалӕууыдысты йӕ фарсмӕ, йӕ зӕрдӕ йын фӕфидар кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъардтой. Загъта: «Хъыггӕнгӕ ныххиздзынӕн мӕрдтыбӕстӕм мӕ фыртмӕ». Афтӕ йыл хъарӕг кодта йӕ фыд.


Уыдон ын загътой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕрӕй иу лӕджы фырттӕ стӕм, ханаанӕгтӕ. Кӕстӕр ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис, нӕ иу ӕфсымӕр та нал ис».


Уӕд Рувим йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ дыууӕ фырты-иу мын амар, Бениамины дӕм фӕстӕмӕ куы не ’рбакӕнон, уӕд. Ме ’вджид ӕй бакӕн, ӕмӕ дыл ӕй фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕндзынӕн».


Ӕрмӕст сын Йаков Йосефы ӕфсымӕр Бениамины, исты йыл куы ӕрцӕуа, зӕгъгӕ, семӕ нӕ рауагъта.


Бениамины дӕр уемӕ акӕнут ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут уыцы лӕгмӕ.


Мах не ’лдарӕн дзуапп радтам, зӕгъгӕ, ис нын зӕронд фыд, уымӕн та ма — кӕстӕр фырт, йӕ зӕры бонты йын райгуырди. Лӕппуйӕн йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мады зӕнӕгӕй иунӕг уый баззади. Нӕ фыд ыл ӕнувыд у.


ӕмӕ мах не ’лдарӕн загътам, зӕгъгӕ, лӕппуйӕн йӕ фыды ныууадзын йӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ куы ныууадза, уӕд йӕ фыд амӕлдзӕни.


Ды куырыхон лӕг дӕ ӕмӕ йын, цы ’мбӕлы, уый бакӕн, йӕ урс сӕр ын мӕрдтыбӕстӕм, йӕхи мӕлӕтӕй амӕлгӕйӕ, ма бауадз.


Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау, Израилы Хуыцау! Ӕрмӕстдӕр Уый аразы диссӕгтӕ.


ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.


Арвы бын цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы ’ркастӕн, уӕд бамбӕрстон: алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу.


Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.


«Мӕхицӕн загътон, мӕ царды тӕккӕ ӕмбисы мӕ мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл бахизын хъӕуы.


Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр Ӕз уыцы Хуыцау уыдзынӕн, уӕ сӕрыхил куы сурс уа, уӕд дӕр уыл Ӕз ауддзынӕн. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, ӕмӕ уыл Ӕз Мӕ арм дардзынӕн, ауддзынӕн уыл ӕмӕ уӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan