Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 42:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Стӕй мӕм ӕркӕндзыстут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры. Афтӕ куы бакӕнат, уӕд сбӕрӕг уыдзӕни уӕ рӕстдзинад ӕмӕ нӕ амӕлдзыстут». Ӕфсымӕртӕ сразы сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Стӕй мӕм ӕркӕндзыстут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры. Афтӕ куы бакӕнат, уӕд сбӕрӕг уыдзӕни уӕ рӕстдзинад ӕмӕ нӕ амӕлдзыстут». Ӕфсымӕртӕ сразы сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 42:20
12 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уӕ мах бафӕлвардзыстӕм. Фараонӕй уын ард хӕрын, ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕрцӕуа, уӕдмӕ.


Кӕд ӕууӕнкджын адӕм стут, уӕд уал уӕ иу ам, ахӕстоны, лӕууӕд, иннӕтӕ хор аласӕнт се ’ххормаг бинонтӕн.


Ӕфсымӕртӕ сӕ хор хӕрджытыл сӕвӕрдтой ӕмӕ рараст сты уырдыгӕй.


Уӕд нын уыцы бӕстӕйы ӕлдар загъта: „Ӕууӕнкджын адӕм стут, уый сбӕрӕг кӕндзынӕн мӕнӕ афтӕ. Уе ’фсымӕртӕй иуы ам ныууадзут, уӕхӕдӕг та райсут хор, аласут ӕй ӕмӕ уе ’ххормаг бинонты бафсадут.


Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕркӕнут, ӕмӕ мӕ уӕд бауырндзӕни, сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕм кӕй стут, уый. Уӕд уын суӕгъд кӕндзынӕн уӕ иннӕ ӕфсымӕры, стӕй уын а зӕххыл уыдзӕни сӕудӕджер кӕныны бар дӕр“».


Къӕсӕры раз Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ бахатыдысты:


Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ.


куынӕ йӕ рауадзай, уӕд та нӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы лӕг загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ».


Ды дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай, ӕркӕнут мӕм ӕй ӕмӕ йӕ фенон, зӕгъгӕ,


Фӕлӕ ды дӕ цагъартӕн загътай: уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куынӕ ’рцӕуа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут.


Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan