Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 42:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Фӕлӕ уӕ мах бафӕлвардзыстӕм. Фараонӕй уын ард хӕрын, ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕрцӕуа, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Фӕлӕ уӕ мах бафӕлвардзыстӕм. Фараонӕй уын ард хӕрын, ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕрцӕуа, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 42:15
19 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ та сын уый афтӕ: «Нӕ, сымах нын нӕ бацӕуӕнтӕ басгарынмӕ фӕзындыстут».


Йосеф сын ногӕй: «Куыд ӕнхъӕлдтон, хъуыддаг афтӕ у: сымах, бӕлвырд, сгарджытӕ стут.


Уӕ иуы арвитут уе ’фсымӕры ӕркӕнынмӕ, иннӕтӕ та уӕдмӕ ахӕстоны абадӕнт. Афтӕмӕй раргом уыдзӕн, уӕ ныхӕстӕ раст сты ӕви нӕ. Раст куынӕ разыной, уӕд, фараонӕй ард хӕрын, сгарджытӕ стут».


Стӕй мӕм ӕркӕндзыстут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры. Афтӕ куы бакӕнат, уӕд сбӕрӕг уыдзӕни уӕ рӕстдзинад ӕмӕ нӕ амӕлдзыстут». Ӕфсымӕртӕ сразы сты.


«Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ,


Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕркӕнут, ӕмӕ мӕ уӕд бауырндзӕни, сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕм кӕй стут, уый. Уӕд уын суӕгъд кӕндзынӕн уӕ иннӕ ӕфсымӕры, стӕй уын а зӕххыл уыдзӕни сӕудӕджер кӕныны бар дӕр“».


Йосеф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ».


Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ.


куынӕ йӕ рауадзай, уӕд та нӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы лӕг загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ».


Уыдон сомы кӕнынц Дунедарӕгӕй, фӕлӕ сӕ сомытӕ мӕнг сты».


«Куыд дын хъуамӕ ныббарон? Дӕ цот Мӕ ныууагътой, мӕнг хуыцӕуттӕй ард хӕрынц! Ӕз-иу сӕ бафсӕстон, уыдон та хъахбай митӕ кодтой ӕмӕ хӕтаг сылты хӕдзӕрттӕм тыгуыртӕй цыдысты.


Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.


Уӕлдайдӕр, ме ’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та — «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат.


Аннӕ загъта: «Ме ’лдар цӕра, ӕз, ацы ран чи лӕууыд ӕмӕ Дунедарӕгмӕ чи куывта, уыцы сылгоймаг дӕн.


Саул филистимаджы ныхмӕ рацӕугӕ куы федта Давиды, уӕд йе ’фсады хицау Авнеры бафарста: «Авнер, кӕй фырт у уыцы лӕппу?» Авнер ын дзуапп радта: «Паддзах цӕра, нӕ йӕ зонын».


Давид ард бахордта ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд, бӕгуыдӕр, зоны, хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: „Ионатан мацы базонӕд, науӕд ын хъыг уыдзӕни“. Фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй: мӕ цард ӕрдуйыл хӕцы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan