Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 42:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ, не ’лдар, дӕ цагъартӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрбацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ, не ’лдар, дӕ цагъартӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрбацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 42:10
7 Iomraidhean Croise  

Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Исаак ын дзуапп радта: «Йаковы дын скодтон ӕлдар, йе ’фсымӕртӕ — йӕ цагъартӕ, радтон ын хор ӕмӕ сӕн. Дӕу та ма цӕмӕй барӕвдауон, мӕ хъӕбул?»


Йе ’фсымӕртӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ау, ды нын паддзах уыдзынӕ? Дӕ дӕлбар уыдзыстӕм мах?» Ӕмӕ сын йӕ фынтӕ ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр сӕнӕуынон ис.


Мах не ’ппӕт дӕр — иу лӕджы фырттӕ, ӕууӕнкджын адӕм стӕм. Дӕ цагъартӕ никуы уыдысты сгарджытӕ».


Уыцы синон дӕ цагъартӕй кӕмӕ разына, уый-иу амарут, иннӕтӕ та йӕ цагъартӕ суӕнт не ’лдарӕн».


Овадиа йӕ фӕндагыл иу цасдӕр куы ауад, уӕд ыл амбӕлдис Илийа, йӕ ныхмӕ ӕрбацӕйцыд. Овадиа зӕххыл ныддӕлгом йӕ разы ӕмӕ загъта: «Уый ды дӕ, ме ’лдар Илийа?»


Саул Давиды хъӕлӕс базыдта ӕмӕ загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Давид дзуапп радта: «О, мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan