Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 42:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йаков базыдта, Мысыры хор кӕй ис, уый ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Уӕ кӕрӕдзимӕ цы ракӕс-бакӕс кӕнут?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Йаков базыдта, Мысыры хор кӕй ис, уый ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Уӕ кӕрӕдзимӕ цы ракӕс-бакӕс кӕнут?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 42:1
13 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ, Йосеф развӕлгъау куыд дзырдта, афтӕ райдыдтой авд стонг азы. Ӕппӕт бӕстӕты дӕр тыхстысты ӕххормагӕй, фӕлӕ Мысыры та хор алы ран дӕр уыди.


Мысырмӕ, Йосефмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕй, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр стонг заман стыхджын ис.


Мысыры хор ис, зӕгъгӕ, фехъуыстон, цӕугӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй удӕгасӕй баззайӕм, науӕд амӕлдзыстӕм».


Илийа йӕ удӕн фӕтарсти уыцы ӕртхъирӕнӕй ӕмӕ алыгъд. Иудейаг сахар Беер-Шевӕмӕ куы ныххӕццӕ, уӕд уым йӕ лӕггадгӕнӕджы ныууагъта,


Уӕдӕ сыст уӕлӕмӕ, хъуыддаг дӕуӕй аразгӕ у, ӕмӕ мах дӕр дӕумӕ кӕсӕм: цырд фӕлӕуу ӕмӕ февнал!»


Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.


Израилаг бӕрнылӕгтӕ куы фехъуыстой, самандуртӕ сӕ раздӕры бӕрц домынц, уый, уӕд базыдтой сӕ мӕгуыры бон.


«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.


Ефрем федта йӕ низ, Иудӕ — йӕ хъӕдгом. Уӕд Ефрем ацыдис Йаревмӕ, Ассирийы паддзахмӕ, фӕлӕ йын уымӕн ницы у йӕ бон, йӕ низӕй йӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕни.


Мысыры хор кӕй ис, уый фехъусгӕйӕ, Йаков нӕ фыдӕлты уырдӕм арвыста фыццаг хатт.


Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн Фарны Уац хъусын кӕнын, Петрӕн сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын куыд баргонд у, афтӕ.


«Уӕлӕмӕ сыст, — загъта Дунедарӕг Йешуайӕн, — цы ныддӕлгом дӕ зӕххыл?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan