Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:57 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

57 Мысырмӕ, Йосефмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕй, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр стонг заман стыхджын ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

57 Мысырмӕ, Йосефмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕй, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр стонг заман стыхджын ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:57
11 Iomraidhean Croise  

Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста.


ӕмӕ, Йосеф развӕлгъау куыд дзырдта, афтӕ райдыдтой авд стонг азы. Ӕппӕт бӕстӕты дӕр тыхстысты ӕххормагӕй, фӕлӕ Мысыры та хор алы ран дӕр уыди.


Стонг заман зӕххы цъар ӕмхуызонӕй ӕрӕлхъывта. Мысыры зӕххыл дӕр уавӕр карзӕй-карздӕр кодта. Йосеф байгом кодта хордӕттӕ ӕмӕ мысырӕгтӕн хор уӕй кӕнын райдыдта.


Йаков базыдта, Мысыры хор кӕй ис, уый ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Уӕ кӕрӕдзимӕ цы ракӕс-бакӕс кӕнут?


Ханааны зӕххыл стонг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Мысырмӕ афтыди бирӕ хорӕлхӕнӕг адӕм, уыдонимӕ Йаковы фырттӕ дӕр.


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Стонг заман ноджы фӕкарздӕр ис Ханааны зӕххыл.


Мысыр ӕмӕ Ханааны цӕрджытӕн хор уӕй кӕнгӕйӕ, Йосеф ӕрбамбырд кодта, цыдӕриддӕр сӕм ӕвзист уыди, уый, ӕмӕ йӕ фараоны хӕзнадонмӕ бахаста.


Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.


цӕмӕй, Дӕ хъомысы руаджы кӕцӕй раирвӕзтыстӕм, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕ ма зӕгъой: ‚Дунедарӕг сын зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын сӕ Йӕ бон не сси. Ӕнӕуынон Ын уыдысты, ӕмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр уымӕн ракодта, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры амара‘.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan