Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

49 Ӕмӕ Йосеф ӕрӕмбырд кодта тынг бирӕ хор, денджызы змисау ын банымайӕн дӕр нӕ уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

49 Ӕмӕ Йосеф ӕрӕмбырд кодта тынг бирӕ хор, денджызы змисау ын банымайӕн дӕр нӕ уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:49
9 Iomraidhean Croise  

уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!


Уыцы азты Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр хор ӕмбырд кодтой, уый Йосеф сахарты ӕфснайдта: алы сахары дӕр — йӕ алфамбылай зӕххыты тыллӕг.


Стонг заманы размӕ Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснатӕй Йосефӕн райгуырди дыууӕ фырты.


Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.


Стъалытӕн банымайӕн куыд нӕй, денджызы змисӕн — сбарӕн, афтӕ Ӕз сбирӕ кӕндзынӕн Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгты ӕмӕ Мӕ лӕггадгӕнджыты, левитты“».


Знӕгтӕ-иу ӕрбацыдысты ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕд фосы рӕгъӕуттӕ, мӕтыхтӕй-иу фылдӕр уыдысты. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ теуатӕн дӕр нымӕц нӕ уыди, ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бӕстӕ сафтид кодтой.


Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбынат кодтой дӕлвӕзы. Мӕтыхтау бирӕ уыдысты, сӕ теуатӕ — денджызы змисау, ӕнӕнымӕц.


Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan