Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

46 Йосеф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Йосеф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мысыры зӕххыл ӕрзилынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

46 Йосеф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Йосеф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мысыры зӕххыл ӕрзилынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:46
15 Iomraidhean Croise  

Бӕркадджын авд азы дӕргъы зӕхх лӕвӕрдта бирӕ тыллӕг.


Афтӕмӕй Йосеф базыдта йе ’фсымӕрты, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой.


Зӕххыл стонг заман куы скодта, уӕдӕй дыууӕ азы рацыд, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы дӕргъы нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр хуым кӕрддзысты.


Дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цыди Давидыл, паддзах куы сси, уӕд, паддзахиуӕг та кодта дыууиссӕдз азы.


уӕд паддзах Роховам бафарста, йӕ фыд Соломонӕн йӕ заманы чи лӕггад кодта, уыцы фӕлтӕрдджын хистӕрты: «Исты-ма мын зӕгъут! Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?»


Фӕлӕ Роховам ницӕмӕ ӕрдардта хистӕрты уынаффӕ ӕмӕ бафарста йе ’мгар лӕппуты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны:


Йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн, хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы.


Паддзах семӕ фӕныхас кодта, ӕмӕ лӕппутӕй Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариаимӕ абарӕн дӕр никӕй уыд. Уыйадыл паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.


бакастджын, ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппуты — фидӕны паддзахы галуаны сӕ бон лӕггад кӕнын кӕмӕн суыдзӕн, ахӕмты. Лӕппуты хъуамӕ халдейагау кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаиккой.


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».


Йесо Йӕ лӕггадмӕ куы бавнӕлдта, уӕд Ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Адӕм куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕмӕй Уый уыди Йосифы фырт, Йосиф та — Елиайы. Йӕ фыдӕлтӕ:


Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,


Афтӕмӕй Давид ӕрцыди Саулмӕ ӕмӕ йын лӕггад кодта. Тынг фӕцыди Саулы зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ хотыхдар скодта йӕхицӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan