Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

43 Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:43
16 Iomraidhean Croise  

Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Фараон Йосефӕн загъта: «Ӕз фараон дӕн, фӕлӕ амӕй фӕстӕмӕ Мысыры зӕххыл де ’вастӕй йӕ къух дӕр ничиуал батилдзӕни, къахдзӕф дӕр ничиуал акӕндзӕни».


«Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ,


Уӕд нын уыцы бӕстӕйы ӕлдар загъта: „Ӕууӕнкджын адӕм стут, уый сбӕрӕг кӕндзынӕн мӕнӕ афтӕ. Уе ’фсымӕртӕй иуы ам ныууадзут, уӕхӕдӕг та райсут хор, аласут ӕй ӕмӕ уе ’ххормаг бинонты бафсадут.


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Радзырдтой йын: «Йосеф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕгас Мысыры». Йаков фӕджих ис — нӕ сыл ӕууӕндыди.


Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ цагъар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.


Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — цагъартӕ».


Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.


Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.


Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны хъуыддаджы лӕуд чидӕриддӕр уыди паддзахы галуаны, уыдон-иу ӕрзоныг кодтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты Аманы раз. Мардохей та йӕ разы зоныгыл дӕр нӕ кодта ӕмӕ зӕххыл дӕр нӕ хауди.


Зондджын мӕгуыр лӕг суанг ахӕстонӕй дӕр рухсмӕ рацӕуы ӕмӕ паддзахы бынат бацахсы.


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.


цӕмӕй Йесойы номы раз ӕрзоныг кӕной, уӕларв, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan