Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Ноджы ма равзарӕд барджын лӕгтӕ, цӕмӕй йын бӕркадджын авд азы дӕргъы Мысыры адӕмӕй исой тыллӕджы фӕндзӕм хай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

34 Ноджы ма равзарӕд барджын лӕгтӕ, цӕмӕй йын бӕркадджын авд азы дӕргъы Мысыры адӕмӕй исой тыллӕджы фӕндзӕм хай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:34
14 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ фараон бацагурӕд куырыхон, ӕрхъуыдыджын лӕджы ӕмӕ йӕ Мысыры сӕргъы сӕвӕрӕд.


Ӕрцӕуинаг чи у, уыцы тыллӕгджын азты ӕмбырд кӕнӕнт ӕппӕт хор ӕмӕ йыл ӕрмӕст фараоны бар куыд цӕуа, афтӕ йӕ хордӕтты ӕфснайдӕй дарӕнт.


Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн».


Йосеф Мысыры цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый ма суанг абон дӕр йӕ тыхы ис: тыллӕджы фӕндзӕм хай фараоны у. Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕй ницы ӕрхауди фараонмӕ.


Уыцы кусджытӕ уыдысты ӕууӕнкджын адӕм. Сӕ сӕргъы Мерарийы байзӕддӕгтӕй лӕууыдысты левиттӕ Йахат ӕмӕ Овади, Кехаты байзӕддӕгтӕй — Захариа ӕмӕ Мешуллам. Левиттӕй алы зӕлуадзӕнтӕй цӕгъдынмӕ дӕсны чи уыди,


Зихрийы фырт Иоел сын уыди хицау, Сенуайы фырт Иудӕ та уыди сахары дыккаг адӕймаг.


Ӕххормаг заман дӕ мӕлын нӕ бауадздзӕн, хӕсты быдыры дӕ карды комӕй бахиздзӕн.


Састзӕрдӕты фарсмӕ ’рбалӕууы Дунедарӕг, фервӕзын кӕны ныфссасты.


Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.


Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та ӕмраст йӕ фӕндагыл ацӕуы ӕмӕ ’фхӕрд баййафы.


Ӕмӕ смӕсты ис Моисей, хӕстӕй чи ӕрбацыди, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕм, мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕм.


Уыйадыл бавдӕлд ӕмӕ йӕ хицауы хӕсджынтӕй алкӕмӕ дӕр хицӕнӕй фӕдзырдта. Фыццаджы бафарста: „Мӕ хицауӕй цас дарыс?“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan