Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30-31 Фӕлӕ уыдоны фӕдыл ралӕудзысты авд стонг азы, ӕмӕ Мысыры зӕххы стыр бӕркад ферох уыдзӕнис адӕмӕй. Ахӕм ӕвирхъау заман скӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынтондӕр сафтид уыдзӕни, раздӕры бӕркадӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

30-31 Фӕлӕ уыдоны фӕдыл ралӕудзысты авд стонг азы, ӕмӕ Мысыры зӕххы стыр бӕркад ферох уыдзӕнис адӕмӕй. Ахӕм ӕвирхъау заман скӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынтондӕр сафтид уыдзӕни, раздӕры бӕркадӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:30
15 Iomraidhean Croise  

Нард хъуццытӕ сӕ хъуыры аирвӕзтысты, фӕлӕ адоныл уый зынгӕ дӕр нӕ фӕкодта — куыд тӕнтӕхауд уыдысты, афтӕмӕй баззадысты. Стӕй райхъал дӕн.


Фыццӕгты фӕдыл цы авд мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуджы рацыди, уыдон та амонынц иннӕ авд азы, хус дымгӕмӕ руад ӕфсиртӕ дӕр — афтӕ. Адон сты авд стонг азы.


Йӕ хистӕр фыртыл Йосеф сӕвӕрдта ном Менассиа, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы фӕрцы мӕнӕй ферох сты ме ’ппӕт хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕ фыды уӕзӕг.


ӕмӕ, Йосеф развӕлгъау куыд дзырдта, афтӕ райдыдтой авд стонг азы. Ӕппӕт бӕстӕты дӕр тыхстысты ӕххормагӕй, фӕлӕ Мысыры та хор алы ран дӕр уыди.


Стонг заман зӕххы цъар ӕмхуызонӕй ӕрӕлхъывта. Мысыры зӕххыл дӕр уавӕр карзӕй-карздӕр кодта. Йосеф байгом кодта хордӕттӕ ӕмӕ мысырӕгтӕн хор уӕй кӕнын райдыдта.


Стонг заман афтӕ стыхджын ис, ӕмӕ зӕххыл хойраджы мур нал баззади. Мысыр ӕмӕ Ханааны адӕмтӕ батадысты фыр ӕххормагӕй.


Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Равзар, цы дӕ фӕнды, уый: дӕ бӕстӕн ӕртӕ стонг азы? Ӕви ӕртӕ мӕйы дӕргъы де знӕгтӕ дӕ фӕдыл зилой ӕмӕ сӕ дӕхи ӕмбӕхсай? Ӕви ӕртӕ боны дӕргъы емынӕ сыста дӕ бӕстӕйыл? Ахъуыды кӕн, Чи мӕ ӕрбарвыста, уымӕн цы дзуапп раттон, ууыл».


Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


Елисей, йӕ лӕппуйы кӕмӕн райгас кодта, уыцы шунемаг сылгоймагӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ бинонтимӕ уал ӕндӕр искуыдӕм ацу цӕрынмӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ацы зӕххыл авд азы дӕргъы уыдзӕн ӕххормаг заман».


Рӕсӕнуаты адӕм хӕлӕг кӕнын байдыдтой Моисеймӕ ӕмӕ Дунедарӕджы уаз лӕггадгӕнӕг Ааронмӕ.


куы бануазой, уӕд сӕ ферох уыдзӕн сӕ мӕгуырдзинад, сӕ хъизӕмӕрттӕ сӕ зӕрдыл нал ӕрлӕудзысты.


Зӕххыл арфӕ чидӕриддӕр кура, уый скувдзӕн иузӕрдион Хуыцаумӕ, зӕххыл чидӕриддӕр ард хӕра, уый сомы ракӕндзӕн иузӕрдион Хуыцауӕй». Дунедарӕг зӕгъы: «Уӕ хъизӕмӕрттӕ уӕ ферох уыдзысты, уӕ цӕстӕй дӕр сӕ нал фендзыстут.


Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Илийайы заманы бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Израилы. Уӕд арвӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы къӕвдайы ӕртах не ’рхауд, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр стонг рӕстӕг скодта.


Илийа мах хуызӕн адӕймаг уыди. Фӕлӕ уарын цӕмӕй ма уа, уый тыххӕй зӕрдиагӕй ракуырдта Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не ’рхауд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan