Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:16
19 Iomraidhean Croise  

Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,


Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Фараон Йосефӕн радзырдта: «Мӕ фыны цыма лӕууыдтӕн Нилы былгӕрон,


Йосеф фараонӕн загъта: «Фараоны дыууӕ фыны иу фын сты. Хуыцау фараонӕн раргом кодта, цы бакӕнинаг у, уый.


Гъе уымӕ гӕсгӕ загътон фараонӕн, Хуыцау фараонӕн равдыста, цы саразинаг у, уый, зӕгъгӕ.


Уый йын загъта: «Кӕд дын Дунедарӕг не ’ххуыс кӕны, уӕд дын ӕз куыд баххуыс кӕнон? Нӕдӕр нӕм тыллӕджы мур куы нал баззад, нӕдӕр — сӕны ӕртах!


Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».


Иу хатт фын федтон ӕмӕ фӕтарстӕн. Мӕ хуыссӕнуаты цы цӕстылуайӕнтӕ федтон, уыдон мыл стыр тас бафтыдтой.


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ ды дӕр уӕд та ацы бон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фӕлӕ уый ныр дӕуӕй ӕмбӕхст у.


Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма, йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам?


Петр ын рахӕцыд йӕ рахиз къухыл ӕмӕ йӕ слӕууын кодта. Уыцы тӕккӕ уысм тых бацыди рынчыны дыууӕ къахы фады ӕмӕ йӕ уӕрджыты,


Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.


Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


Сусӕг цы у, уый ис Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ; ӕргом цы у, уый та мыггагмӕ лӕвӕрд у махӕн ӕмӕ нӕ байзӕддагӕн, цӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнӕм ацы Ӕгъдауы алы дзырд дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan