Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Фараон Йосефӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Фараон Йосефӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:15
11 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Цалынмӕ Захариа ӕгас уыд ӕмӕ йӕ Хуыцауы тасыл ахуыр кодта, уӕдмӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаг дӕр ӕнтысти.


паддзах загъта: «Ӕз федтон фын ӕмӕ тыхсын, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ бон бамбарын нӕу».


Йӕ сыфтӕр уыдис алӕмӕты рӕсугъд, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕфсӕста. Йӕ быны цардысты сырдтӕ, ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиуты ’хсӕн ахстӕттӕ кодтой.


Бӕлас уыди диссаджы рӕсугъд, йӕ сыфтӕр — бӕзджын, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты. Ӕгас дунейы дзыллӕты ӕфсӕста, йӕ быны сырдтӕ ӕрцардысты, йӕ къалиуты ’хсӕн мӕргътӕ ахстӕттӕ скодтой.


Паддзах Белтешацар кӕй схуыдта, уыцы Даниил хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй, йӕ бон уыди фынтӕ райхалын, ӕмбарын кодта сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ-иу цыфӕнды зын хъуыддаг дӕр равзӕрста. Паддзах Белтешацар кӕуыл сӕвӕрдта, уыцы Даниилмӕ фӕдзурын кӕн, ӕмӕ дын уый ацы фысты нысаниуӕг зӕгъдзӕн».


Ӕз куыд фехъуыстон, афтӕмӕй ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй ӕмӕ дын ис диссаджы сӕрызонд, дӕ куырыхон зонд дын абарӕн дӕр никӕимӕ ис.


Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan