Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 41:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фараон арвыста Йосефмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ахӕстонӕй ракодтой. Йосефӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ цӕсгомы хил куы ныддастой ӕмӕ йӕ дарӕс куы аивта, уӕд фараонмӕ ӕрбацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Фараон арвыста Йосефмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ахӕстонӕй ракодтой. Йосефӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ цӕсгомы хил куы ныддастой ӕмӕ йӕ дарӕс куы аивта, уӕд фараонмӕ ӕрбацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 41:14
13 Iomraidhean Croise  

Паддзахы размӕ рацыди Саулы фырты фырт Мефивошет дӕр. Паддзахы ацыды бонӕй, сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхти, уыцы бонмӕ уый йӕ къӕхты ныхтӕ дӕр никуы ракодта, йӕ зачъе дӕр никуы фӕцыбыр кодта, йӕ дарӕс дӕр никуы ныхсадта.


Йехониа аивта йӕ ахӕсты дарӕстӕ дӕр. Уыйхыгъд ын цӕргӕ-цӕрӕнбонты бар уыди Вавилоны паддзахы фынгыл бадынӕн.


Ӕртыккаг бон Естер йӕ уӕлӕ скодта йӕ паддзахфӕлыст, ацыд ӕмӕ паддзахы дуары раз слӕууыди. Паддзах йӕ къӕлӕтджыны бадти, йӕ цӕсгом — дуары ’рдӕм.


Фараон тагъд фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Азымджын дӕн Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сымах раз.


Зондджын мӕгуыр лӕг суанг ахӕстонӕй дӕр рухсмӕ рацӕуы ӕмӕ паддзахы бынат бацахсы.


Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.


Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.


Ариох Даниилы уайтагъд паддзахы раз балӕууын кодта ӕмӕ загъта: «Паддзах! Иудейӕ кӕй ӕрбакодтой, уыцы хаст адӕмы ’хсӕн иу лӕджы ссардтон. Уый дын, дӕ фын цы амоны, уый радзурдзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan